НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуцауи ӕнӕуингӕ менеугутӕ уинис?
Аллихузи дидингутӕмӕ, стъалутӕй идзаг арвмӕ кенӕ гулфгӕнгӕ ӕхсӕрдзӕнмӕ ку фӕккӕсис, уӕд си Хуцауи къох фӕууинис? Ӕрдзӕмӕ кӕсгӕй дӕ цӕстингас кумӕфӕнди ма фӕууа, алкӕмидӕр зиннунцӕ Йегови ӕнӕуингӕ менеугутӕ (Ро 1:20). Ку ӕрлӕууӕн ӕма ку расагъӕс кӕнӕн, нӕ алливарс ӕрдзӕ куд дессаг ӕй, уӕд нӕ бон уодзӕй фӕууинун Хуцауи хъаурӕ, уарзондзийнадӕ, зунд ӕма рӕстдзийнадӕ, уой хӕццӕ ба ма ӕ рӕдаудзийнадӕ дӕр (Пс 104:24).
Йеговӕ ци сфӕлдиста, уонӕй алли бон дӕр ци фӕууинис? Горӕти цӕргӕй дӕр дӕ бон ӕй цъеути зарунмӕ ӕма бӕлӕсти сур-сурмӕ игъосун. Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕ лӕмбунӕг ку фӕккӕсӕн, уӕд нин е банхус кӕнуй, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнӕн, нӕ гъудитӕ, сӕйрагдӕр ци ӕй, уомӕ исаразӕн, удта нӕбӕл Йеговӕ ӕносмӕ дӕр ке тухсдзӕй, уобӕл федардӕрӕй ӕууӕндӕн (Мф 6:25–32). Кӕд дин сувӕллӕнттӕ ес, уӕд уонӕн дӕр ӕнхус кӕнӕ Йегови дессаги менеугутӕ уинун. Нӕ алливарс ци рӕсугъд дуйне ес, уомӕн никки хъӕбӕрдӕр ку аргъ кӕнӕн, уӕд Сфӕлдесӕгмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзиан (Пс 8:3, 4).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧУДЕСА ТВОРЕНИЯ ПРОСЛАВЛЯЮТ БОГА. СВЕТ И ЦВЕТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Нӕ бон хузтӕ ӕртасун цӕй фӕрци ӕй?
-
Ӕрттевагӕ хузтӕ куд исӕвзурунцӕ?
-
Арвбӕл аллихузи хузтӕ цӕмӕн уинӕн?
-
Дӕ алливарс ӕрдзи дессаги хузтӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕци цӕуй?
-
Нӕ алливарс ци рӕсугъд дуйне ес, уомӕ лӕмбунӕг кӕсунмӕ рӕстӕг хецӕн кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?