Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дӕ бийнонти цард гъӕуай кӕнӕ

Дӕ бийнонти цард гъӕуай кӕнӕ

Лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдземӕн ци дзурд раттунцӕ, уомӕ Йеговӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсуй. Уой фӕндуй, цӕмӕй цӕргӕ-цӕрӕнбӕнтти еумӕ уонцӕ (Мф 19:5, 6). Йегови адӕни астӕу ес берӕ амондгун ӕма фӕнзуйнаг бийнонтӕ. Фал еунӕг ӕнхӕст бийнонтӕ дӕр нӕййес. Ӕнӕ зиндзийнӕдтӕй нӕ фӕууй. Фал беретӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма зиндзийнӕдтӕ ку фӕззиннунцӕ, уӕд гъӕуй хецӕнӕй цӕрун кенӕ ба уомӕй фуддӕр – рахецӕн ун, цума ӕндӕр гӕнӕн нӕ фӕууй, уотӕ. Гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй мах дӕр уотӕ сагъӕс кӕнун ма райдайӕн. Киристон бийнонтӕн сӕ бон куд ӕй сӕ бийнонти цард багъӕуай кӕнун?

Фондз ӕхсидзгӕ гъуддагебӕл расагъӕс кӕнӕн.

  1. Дӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнӕ. Дӕ бийнонти цард дин ка фехала, уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕхе хезӕ, зӕгъӕн, ӕнӕгъдау ерхӕфсӕнтӕй кенӕ флиртӕй (Мф 5:28; 2Пт 2:14).

  2. Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ ӕма ӕгас хъауритӕй архайӕ, цӕмӕй дӕ бийнонти цардӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕна (Пс 97:10).

  3. Дӕ уодигъӕдӕ идарддӕр дӕр нӕуӕгмӕ ӕййевӕ. Дӕ цардӕмбали зӕрдӕ барохс кӕнуни туххӕй сауӕнгӕ минкъий гъуддӕгтӕ дӕр кӕнӕ (Кл 3:8–10, 12–14).

  4. Кӕрӕдзей хӕццӕ ӕдзох зӕрдибунӕй дзоретӕ, удта уӕ дзурдигъӕдӕй бӕрӕг уӕд, кӕрӕдзей ке нимайетӕ (Кл 4:6).

  5. Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕма уосӕ гъӕуама ӕнхӕст кӕнонцӕ, кӕрӕдзей рази сӕбӕл ци ихӕс ес, уой, гъома кӕрӕдзей сӕ уарзтӕй рӕвдауонцӕ (1Кр 7:3, 4; 10:24).

Киристӕнттӕ бийнонти цардӕн ку фӕккадӕ кӕнунцӕ, уӕд уотемӕй фӕккадӕ кӕнунцӕ Йеговӕн, бийнонти цардӕн бундор ка ӕрӕвардта, уомӕн.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ЕРЫСТЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ АРХАЙУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Бийнонти царди, гӕнӕн ес, ӕма цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕ фӕззинна, кӕд райдайӕни алцидӕр хуарз адтӕй, уӕддӕр?

  • Уотӕ кӕмӕ кӕсуй, ӕма ӕ цардӕмбали хӕццӕ кӕрӕдзей нӕбал уарзунцӕ, уомӕн Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ?

  • Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайетӕ, цӕмӕй уӕ бийнонтӕ амондгун уонцӕ

    Йеговӕ бийнонти цардӕн цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ равардта?

  • Цӕмӕй бийнонтӕ амондгун уонцӕ, уой туххӕй лӕг дӕр ӕма уосӕ дӕр ци гъӕуама кӕнонцӕ?