Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Донаргъудмӕ ци над кӕнуй, уобӕл цӕугӕй кӕци рауӕн дӕ?

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Йегови надбӕл ислӕууӕ

Йегови надбӕл ислӕууӕ

Ка ’й зонуй, ӕнаргъуд игъосунгӕнӕг дӕ кенӕ Библи ахур кӕнис. Кӕд гъо, уӕд дин уӕхӕн нисан ес, цӕмӕй донаргъуд райсай? Донаргъуд райсун дӕ цӕмӕн гъӕуама фӕндӕуа? Дӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд ку райсай, уӕд дӕ бон уодзӕй Йегови ӕмбал исун (Пс 91:1). Уомӕй уӕлдай ма дин фӕззиндзӕй фӕййервӕзуни фадуат (1Пт 3:21). Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд райсай?

Рӕстдзийнадӕ ке иссирдтай, уой дӕхецӕн исбӕлвурд кӕнӕ. Цӕхуӕндӕр фарстатӕ дӕмӕ ку фӕззинна, уӕд сӕмӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕ (Ро 12:2). Царди дӕ раййевун ци гъӕуй, уой исбӕрӕг кӕнӕ ӕма архайӕ. Фал дӕ гъудий дарӕ: архайунмӕ дӕ гъӕуама разӕнгард кӕна, Йегови зӕрдӕ дӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, е (Ӕм 27:11; Еф 4:23, 24). Ковӕ имӕ, цӕмӕй дин ӕнхус кӕна. Макӕд гурусхӕ кӕнӕ, Йеговӕ дӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй ке исхайгин кӕндзӕй ӕма дин хъауритӕ ке ратдзӕй, цӕмӕй дин алцидӕр бантӕса (1Пт 5:10, 11). Дӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ уодзӕнцӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнай – е ӕй царди тӕккӕ хуӕздӕр над! (Пс 16:11).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДОНАРГЪУЫДМӔ ФӔНДАГ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Еуӕй-еуети донаргъуд райсун ци фӕхъхъор кӕнуй?

  • Дӕ бон куд ӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун, цӕмӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай?

  • Еуӕй-еуетӕн ци банхус кодта, цӕмӕй донаргъуд райстайуонцӕ?

  • Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ка райдайуй, етӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин унцӕ?

  • Дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд райсай, е ци нисан кӕнуй?