Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕрвиланзон конгресстӕ – хуарз фадуат уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ

Ӕрвиланзон конгресстӕ – хуарз фадуат уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ

Нӕ ӕрвиланзон регионалон конгресстӕ уотӕ берӕ цӕмӕн уарзӕн? Нӕ конгресстӕ ӕнцӕ рагон Израили бӕрӕгбӕнтти хузӕн. Израилӕгтӕ еумӕ ӕрӕмбурд уиуонцӕ, цӕмӕй Йеговӕн еумӕ лӕггадӕ кодтайуонцӕ. Махӕн дӕр конгрессти нӕ бон фӕууй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун сӕдӕгай, кенӕ ба сауӕнгӕ мингай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ. Конгрессти ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг парахаттӕй ке фӕууй, уобӕл хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнӕн. Удта ма нин уоми ӕхцӕуӕн фӕууй нӕ хӕстӕгути хӕццӕ ӕма не ’мбӕлтти хӕццӕ фембӕлун. Еци гъуддӕгтӕн хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, ӕма нӕ уой туххӕй еунӕг бон дӕр фӕццох кӕнун нӕ фӕндуй.

Еумӕ ку ӕрӕмбурд уӕн, уӕд гъӕуама айдагъ нӕхе сагъӕс ма кӕнӕн, фал иннети сагъӕс дӕр ӕма сӕмӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесӕн (Га 6:10; Дзт 10:24, 25). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дуарбӕл ку фӕххуӕцӕн ӕма нӕ цал бунати фӕгъгъӕуй, уомӕй фулдӕр ку нӕ ниййахӕссӕн, уӕд уотемӕй февдесӕн, иннети сагъӕс дӕр ке кӕнӕн (Фп 2:3, 4). Конгрессти ӕнгъезуй нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссерун. Дӕ бон н’ адтайдӕ нисан исӕвӕрун, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске хӕццӕ базонгӕ уай конгресси разӕй, конгресси фӕсте кенӕ рӕфтад афони? (2Кр 6:13) Гӕнӕн ес, ӕма дин уотемӕй фӕззинна, ӕности дӕргъи ка уодзӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ. Иннӕ адӕн уӕхӕн уарзондзийнадӕ ку уинонцӕ, уӕд сӕ, ка ’й зонуй, бафӕнддзӕй Йеговӕн ӕ адӕни хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун (Ин 13:35).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔХСӔНАДӔМОН КОНГРЕССТӔ „УАРЗОНДЗИНАД АЛКӔДДӔР УЫДЗӔН“» ӔМА УОЙ ФӔСТЕ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • 2019 анзи регионалон конгресстӕмӕ ка ’рбацӕуидӕ, уонӕмӕ бунӕттон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уарзондзийнадӕ куд бавдистонцӕ?

  • Йегови адӕни астӕу уӕхӕн уарзондзийнадӕ ӕма еудзийнадӕ ке ес, е дессаг цӕмӕн ӕй?

  • Разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ сӕ радзубандити киристон уарзондзийнади туххӕй ци дзурдтонцӕ?

  • Дӕу бон ба куд ӕй конгрессти хуӕртӕ ӕма ◂ ӕнсувӕртӕмӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесун?

    Германий ӕма Хонсар Корейи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕновуд уарзт куд байеу кодта?

  • Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа?