ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Дӕ бон куд ӕй назорейти фӕнзун?
Назорейтӕ Йеговӕн уодуӕлдайӕй лӕггадӕ кодтонцӕ (Нм 6:2–4; it-U «Назорей», 2–5 абз.)
Назорейтӕ, Йеговӕ син ци баихӕс кодта, уой ӕнхӕст кодтонцӕ (Нм 6:5)
Назорейтӕ кӕдзосдзийнади фӕдбӕл закъӕнттӕ ӕнхӕст кодтонцӕ, цӕмӕй Йегови рази кӕдзос адтайуонцӕ (Нм 6:6, 7)
Абони дӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕ уодуӕлдайӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, Йеговӕмӕ игъосунцӕ ӕма ӕ разамундмӕ гӕсгӕ архайунцӕ.