Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Сӕребарӕдзийнади анзи иссӕребарӕ ӕнцӕ ӕма сӕ бийнонтӕмӕ ӕма сӕ зӕнхитӕмӕ ӕрбаздӕхтӕнцӕ

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

Сӕребарӕдзийнади анз федӕни сӕребарӕдзийнадӕмӕ амудта

Сӕребарӕдзийнади анз федӕни сӕребарӕдзийнадӕмӕ амудта

Израилӕгтӕ ци ихӕстӕ дардтонцӕ, уонӕй Сӕребарӕдзийнади анзи исуӕгъдӕ уиуонцӕ, ӕма уой фӕрци цӕргӕбӕнтти мӕгур цард нӕ кодтонцӕ (Лв 25:10; it-U «Свобода», дӕлс. «Бог свободы»; кӕсӕ хузӕмӕ 1 фарсбӕл)

Зӕнхӕ ку рауӕйӕ кӕниуонцӕ, уӕд е уидӕ, цума ’й аренди равардтонцӕ, уотӕ. Ӕ аргъ ба кӕнгӕ адтӕй, аренди ’й ка иста, е си цӕйбӕрцӕ хуар гъӕуама ӕркарстайдӕ, уомӕй (Лв 25:15; it-U «Наследство», дӕлс. «Наследственные владения», 2 абз.)

Йеговӕ ӕ адӕнӕн арфӕ кодта, Сӕребарӕдзийнади анзи туххӕй закъон ку ӕнхӕст кодтонцӕ, уӕд (Лв 25:18–22; it-U «Юбилей», 8 абз.)

Тагъд рӕстӕги, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, етӕ исхайгин уодзӕнцӕ ӕцӕг сӕребарӕдзийнадӕй. Сӕребарӕдзийнади анз рахӕсгӕ хузи ци рӕстӕгмӕ амонуй, е ку фӕууа, уӕд тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй иссӕребарӕ уодзӕнцӕ (Ро 8:21).

Алкедӕр ни ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй, Йеговӕ ци сӕребарӕдзийнадӕй зӕрдӕ ӕвӕруй, уомӕй исхайгин уӕн?