НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуцау ӕма Киристей фӕрци федӕни сӕребарӕ уодзиан!
Бонӕй-бонмӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис? Ка ’й зонуй, бийнонтӕ дарун дин ӕнцон нӕй, удта дӕбӕл ӕнӕуой дӕр берӕ ихӕстӕ ес. Кенӕ ба сувӕллӕнттӕ еунӕгӕй гъомбӕл кӕнис ӕма дин ӕхца къӕбӕри фагӕн туххӕйти хъӕртуй. Кенӕ ба скъолай ахур кӕнис ӕма дӕбӕл де ’мкъласонтӕ гириз кӕнунцӕ. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ’й кенӕ дӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ. Ӕ царди алцидӕр хуарз кӕмӕн ӕй, уӕхӕн адӕймаг еу дӕр нӕййес. Берети ба фӕгъгъӕуй еци еу рӕстӕг аллихузи зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун. Фал ӕй мах зонӕн, тагъд рӕстӕги еци фӕлварӕнтӕ ке фӕууодзӕнцӕ (2Кр 4:16–18).
Уӕдмӕ ба бал нин нӕ нифс федар кӕнуй, Йеговӕ ’й ке лӕдӕруй, цӕйбӕрцӕбӕл нин зин ӕй, уой, удта ибӕл еузӕрдон ке ан ӕма федар ке лӕууӕн уомӕн ке аргъ кӕнуй ӕма нин берӕ дессаги лӕвӕрттӕ ке бацӕттӕ кодта, е (Йер 29:11, 12). Киристе дӕр нӕбӕл зӕрдиагӕй тухсуй ӕма нин зӕрдӕ байвардта, нӕ киристон ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун нин ке банхус кӕндзӕй. Е ӕхуӕдӕг загъта: «Ӕз... уодзӕн уӕ хӕццӕ» (Мф 28:20). Федӕни нӕмӕ Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ци сӕребарӕдзийнадӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл расагъӕс кӕнунмӕ рӕстӕг ку хецӕн кӕнӕн, уӕд нӕ нифс федар кӕндзӕй ӕма цӕттӕ уодзиан цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ дӕр (Ро 8:19–21).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ТЫХДЫМГӔ ӔРБАХӔЦЦӔ КӔНЫ. ДАРДДӔР ДӔР ЛӔМБЫНӔГ КӔСУТ ЧЫРЫСТИМӔ! ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Адӕн, «Хуцауӕй ка цӕуй, еци цардӕй» куд раидард ӕнцӕ, ӕма е цӕмӕ ӕркодта?
-
Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, уонӕмӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
-
Уӕхӕн дессаги федӕн ке уодзӕй, уомӕн гӕнӕн цӕй фӕрци ес?
-
Нӕуӕг дуйней нӕмӕ ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕй хъӕбӕрдӕр кӕцимӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис?