Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн амонетӕ, сӕ бон куд ӕй сӕхе багъӕуай кӕнун

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнттӕн амонетӕ, сӕ бон куд ӕй сӕхе багъӕуай кӕнун

Мах ци дуйней цӕрӕн, е ’схъуммӕ хатт ӕй: адӕн си, хуарз ци ӕй, уой лӕгъуз хонунцӕ, лӕгъуз ба – хуарз (Ис 5:20). Гъигагӕн, беретӕ кӕнунцӕ, Йегови цӕсти илгъаг ка ӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ. Зӕгъӕн, нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгти хӕццӕ хӕтунцӕ, силгоймӕгтӕ ба – силгоймӕгти хӕццӕ. Гӕнӕн ес, ӕма нӕ сувӕллӕнтти дӕр бафӕндӕуа се ’нгӕртти кенӕ цӕхуӕндӕр зундгонд адӕни фӕнзун. Ниййергутӕ, куд ӕй уӕ бон уӕ сувӕллӕнтти багъӕуай кӕнун, цӕмӕй сӕбӕл аци дуйней зундахаст ма бандава?

Уӕ сувӕллӕнттӕн Йегови уагӕвӕрдтӕ амонетӕ (Лв 18:3). Куд ирӕзгӕ цӕуонцӕ, уотӕ син минкъийгай лӕдӕрун кӕнтӕ, нӕлгоймаг ӕма силгоймаги астӕу ци фӕууй, уой туххӕй Библий ци финст ес, уой. Ци син гъӕуама дзорайтӕ, е кӕнгӕ ’й, сӕ карӕмӕ гӕсгӕ ци балӕдӕрдзӕнцӕ, уомӕй (Д.з 6:7). Дӕхе бафӕрсӕ: «Мӕ сувӕллонӕн балӕдӕрун кодтон, батӕ ӕма хъуритӕ кӕнун кӕмӕн ӕнгъезуй ӕма кӕмӕн не ’нгъезуй, уой? Ӕ уӕледарӕс уӕздан цӕмӕн гъӕуама уа, уой лӕдӕруй? Лӕгъуз ӕвнӕлдтитӕ кӕнуни барӕ ке некӕмӕн ес, уой ин балӕдӕрун кодтон? Мӕ сувӕллонӕн еске порнографи ку ’вдеса кенӕ ин, Йегови зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй уӕхӕнӕй ести ку кӕнун кӕна, уӕд ин ӕхе куд даргӕ ’й, уой зонуй?» Уотӕ сӕ ку ахур кӕнайтӕ, уӕд сӕ берӕ зиндзийнӕдтӕй багъӕуай кӕндзиайтӕ (Ӕм 27:12; Ек 7:12). Сувӕллӕнттӕ ӕнцӕ Йегови лӕвар, ӕма сӕ ку ахур кӕнайтӕ, уӕд ӕвдесдзиайтӕ, ке сӕ уарзетӕ ӕма син ке аргъ кӕнтӕ, уой (Пс 127:3).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФИДАР ЧИ ЛӔУДЗӔН, АХӔМ ХӔДЗАР АРАЗУТ. УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ „ӔВЗӔР ХЪУЫДДӔГТӔЙ“ ХЪАХЪХЪӔНУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Еуӕй-еу ниййергутӕн секси туххӕй дзорун зин цӕмӕн фӕууй?

  • Ниййергути сӕ сувӕллӕнтти цӕмӕн гъӕуй, Йеговӕ куд амонуй, уотӕ гъомбӕл кӕнун ӕма «сӕ ӕ зундбӕл аразун»? (Еф 6:4)

  • Зонундзийнӕдтӕ адӕймаги гъӕуай кӕнунцӕ

    Цӕмӕй ниййергутӕн ӕнцондӕр уа сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ секси туххӕй дзорун, уой туххӕй Йегови организаци цӕхуӕн ӕрмӕг уадзуй? (w19.05 12, рамкӕ).

  • Сувӕллӕнтти хӕццӕ ӕргом ӕма рагацау дзорун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?