Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Игъосун кӕнӕн алкӕмӕндӕр

Игъосун кӕнӕн алкӕмӕндӕр

Израилӕгтӕ бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куд архайдтонцӕ, уотӕ абони дӕр Йегови адӕн архайунцӕ бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, цӕмӕй ин ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнонцӕ. Ӕгас дуйнебӕл дӕр филиалтӕ, районтӕ, ӕмбурдтӕ ӕма игъосун кӕнуни къуӕрттӕ ӕмгуст кӕнунцӕ, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаг размӕ цӕуа. Мах игъосун кӕнӕн алкӕмӕндӕр, уой хӕццӕ ба ма ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзоруй, уонӕн дӕр (Рар 14:6, 7).

Дӕ бон н’ адтайдӕ ӕндӕр ӕвзаг исахур кӕнун, цӕмӕй ескӕмӕн банхус кӕнай рӕстдзийнадӕ базонунмӕ? Кӕд дин ӕндӕр ӕвзаг ахур кӕнунмӕ рӕстӕг нӕййес, уӕд дӕ бон ӕй испайда кӕнун приложенийӕй JW Language. Уой фӕрци дӕ бон уодзӕй исахур кӕнун, ӕндӕр ӕвзагбӕл дзурд ӕнцонтӕй райдайӕн куд ес, уой. Ци исахур кӕнай, уомӕй игъосун кӕнгӕй ку испайда кӕнай, уӕд ду дӕр фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн цийнӕ кӕндзӕнӕ. Уонӕн цийни хуасӕ адтӕй, ӕндӕр бӕститӕй ка адтӕй, еци адӕнӕн сӕ мадӕлон ӕвзагбӕл «Хуцауи устур гъуддӕгти туххӕй» ке игъосун кодтонцӕ, е (Гъд 2:7–11).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМБАЛ СУ. ХЪУСЫН КӔН ӔНДӔР ӔВЗАГЫЛ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Приложенийӕй JW Language дӕ бон цӕхуӕн уавӕри ӕй испайда кӕнун?

  • Приложений JW Language цӕхуӕн функцитӕ ес?

  • Аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл дзорӕг адӕн гъӕуама хуарз хабар фегъосонцӕ

    Уӕ территорий адӕн цӕхуӕн ӕвзӕгтӕбӕл дзорунцӕ?

  • Ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзоруй, уӕхӕн адӕймаги фулдӕр базонун ку бафӕндӕуа, уӕд ци гӕнгӕ ’й? (od-OSS 100, 101 фф., 39–41 абз.).