НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕй бӕрӕг ӕй, зундгин Хуцау ке ӕй
Цума Йеговӕ алкӕддӕр фӕззонуй, хуӕздӕр нин куд уодзӕй, уой? Дзурд дӕр ибӕл нӕййес! Мадта Йегови разамундмӕ гӕсгӕ цӕрун зундбӕл дзорӕг ӕй (Ӕм 16:3, 9). Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба ӕндӕрхузи ку фӕгъгъуди кӕнӕн, уӕд. Йеговӕ алкӕддӕр раст ке фӕууй, уобӕл федарӕй ӕууӕнддзиан, дуйней ци ес, етӕ куд дессаги конд ӕнцӕ, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд (Ӕм 30:24, 25; Ро 1:20).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «СЛУЧАЙНОСТЬ ИЛИ ЗАМЫСЕЛ? ПОЧЕМУ МУРАВЬИ НЕ СТОЯТ В ПРОБКАХ?» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Мулдзугутӕн сӕ фулдӕр алли бон дӕр ци фӕккосунцӕ?
-
Надбӕл цӕмӕннӕ ниххӕсунцӕ?
-
Адӕни бон куд ӕй мулдзугути бафӕнзун?
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «СЛУЧАЙНОСТЬ ИЛИ ЗАМЫСЕЛ? ПОЛЕТ ШМЕЛЯ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Минкъий хуӕдтӕхӕгбӕл тӕхун зин цӕмӕн ӕй?
-
Гъӕддаг мудибиндзӕ тӕхгӕ-тӕхгӕй дууердӕмӕ цӕмӕннӕ фӕккӕнуй?
-
Адӕни бон куд ӕй гъӕддаг мудибиндзи бафӕнзун?
Дӕ алливарс ци ӕрдзӕ ес, уомӕй куд зиннуй, Йеговӕ цӕйбӕрцӕбӕл зундгин ӕй, е?