НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ дӕ ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй, уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕ
Йеговӕ дин устур аргъ кӕнуй (Ис 43:4). Ӕхемӕ дӕ ӕрбахудта ӕма нур ӕ организаций хай дӕ. Дӕ цард Йеговӕн иснивонд кодтай ӕма донаргъуд райстай. Нур Йегови дӕ, ӕма дӕ цийфӕнди зин рӕстӕгути дӕр нӕ ниууадздзӕй. Йеговӕ дӕ берӕ ке уарзуй, е бӕрӕг ӕй, ӕ организаци дӕбӕл куд тухсуй, уомӕй (Пс 25:10).
Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй, уомӕн никкидӕр аргъ кӕндзиан, ку расагъӕс кӕнӕн, ӕ организаци, ӕрдзон бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн куд ӕнхус кӕнуй, уӕд.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ОТЧЁТ КОМИТЕТА КООРДИНАТОРОВ (2019 ГОД)» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Координаторти комитет филиалтӕн куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕмӕ цӕттӕ уонцӕ?
-
Индонезий ӕма Нигерий ӕрдзон бӕллӕхи ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ бахаудтӕнцӕ, уонӕн нӕ организаци куд ӕнхус кодта?
-
Коронавируси рӕстӕг Йегови организаци ци разамунд лӕвардта, е дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕццудӕй?