3–9 январи
ТӔРХОНГӔНГУТӔ 15, 16
124 зар ӕма кувд
Раздзурд (1 мин.)
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Гадзирахаттӕй цӕун – ӕгадӕ гъуддаг!» (10 мин.)
Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (10 мин.)
Трх 16:1–3. Аци стихтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? (w05-U 15/3 27 ф., 6 абз.)
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтай, игъосун кӕнгӕй си цӕхуӕн гъудитӕй испайда кӕндзӕнӕ кенӕ ма никкидӕр цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
Бакӕсуйнаг (4 мин.): bhs 4 сӕр, 15–18 абз. (th 10 урок)
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (видеоролик) (5 мин.). Бавдесӕ видеоролик: «Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн. Хуцау адӕнбӕл тухсуй (Мф 10:29–31)». Видеороликки фарстатӕ ку фӕззинна, уӕд ӕй ӕрлӕуун кӕнӕ, цӕмӕй игъосгутӕ дзуапп раттонцӕ.
Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (3 мин.). Испайда кӕнӕ, 16 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй (th 3 урок).
Фиццаг хатт цӕбӕл ес радзубанди кӕнӕн (5 мин.). Испайда кӕнӕ, 16 фарсбӕл ци цӕветтон ес, уомӕй. Удта адӕймагӕн раттӕ брошюрӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» ӕма ин ӕ гъос ӕрдарӕ видеороликмӕ «Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?» (равдисти рӕстӕг видеоролик ӕвдесун нӕ гъӕуй) (th 9 урок).
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Библий фӕрци нӕ бийнонти цард багъӕуай кодтан (15 мин.). Бавдесӕ видеоролик «Библейские принципы спасли наш брак». Удта игъосгутӕмӕ аци фарстатӕ раттӕ: аци бийнонтӕн Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кодтонцӕ сӕ бийнонти цард багъӕуай кӕнунмӕ? Йегови гъуддӕгти бабӕй фулдӕр архайун ке райдӕдтонцӕ, е сӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй? Лӕг ӕма уосӕ зиндзийнӕдти рӕстӕг сӕ къохтӕ цӕмӕн гъӕуама ма уадзонцӕ? Бийнонтӕн хуарз ӕнхус иссерун сӕ бон кӕми ӕй? (Иак 5:14, 15).
Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ (30 мин.): bhs 18 сӕр, 14–22 абз.
Кӕронбӕттӕн (3 мин.)
149 зар ӕма кувд