НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Самуили цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
Самуил ӕ мӕлӕти уӕнгӕ Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй. Сувӕллон уогӕй Илий фуртти Офни ӕма Финееси зундбӕл нӕ рацудӕй (1См 2:22–26). Самуил ирӕзтӕй, ӕма Йеговӕ ӕ хӕццӕ адтӕй (1См 3:19). Удта ибӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ку ’руагътонцӕ, уӕд дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта, кӕд ӕ фурттӕ Йеговӕбӕл уой хузӕн еузӕрдон н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр (1См 8:1–5).
Самуили цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ӕригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, ма гурусхӕ кӕнтӕ: Йеговӕ ’й уинуй, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлетӕ, удта уин куд зин фӕууй, уой дӕр зонуй. Ба уин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй нифсгун уайтӕ (Иса 41:10, 13). Ниййергутӕ, кӕд уӕ сувӕллон раст надӕй радзӕгъӕл ӕй, уӕд уин Самуили цӕветтон банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма тухсайтӕ. Самуили бон дӕр н’ адтӕй ӕ фурттӕн батухӕ кӕнун, цӕмӕй Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цардайуонцӕ. Еци гъуддаг Йегови барӕ бакодта, ӕхуӕдӕг ба идарддӕр дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Ка ’й зонуй, сумахмӕ кӕсгӕй уӕ сувӕллӕнтти бафӕнддзӕй Йеговӕмӕ раздӕхун.
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УЧИТЕСЬ НА БИБЛЕЙСКИХ ПРИМЕРАХ. САМУИЛ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Минкъий Самуил нифсхастӕй куд архайдта?
-
Денни нифсхастӕй куд архайдта?
-
Каргун Самуил фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?
-
Денний ниййергутӕ фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?