ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Дӕ паддзах ка ӕй?
Израилӕгтӕ Йегови нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ ӕма сӕхецӕн паддзах ӕвӕрун кодтонцӕ (1См 8:4, 5; it-U «Царство Бога», дӕлс. «Народ просит царя из людей», 1 абз.)
Израилӕгти зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, сӕ Паддзах Йеговӕ ке адтӕй, уомӕн ӕма ’й нӕ уидтонцӕ (1См 8:7, 8; w11-U 1/1 27 ф., 2 абз.)
Йеговӕ израилӕгтӕн загъта, ци унаффӕ рахастонцӕ, е сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой (1См 8:9, 18; w10-U 15/1 30 ф., 9 абз.)
Йеговӕн ӕ барӕ цӕуй, цидӕриддӕр сфӕлдиста, уобӕл. Ӕ дӕлбарӕ ка ӕй, уони нимайуй, удта сӕмӕ хӕларзӕрдӕ ’й. Йеговӕмӕ ка игъосуй ӕма ӕ хецаудзийнади фарс ка ӕй, етӕ ӕнӕкӕрон арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнцӕ.
ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Йегови мӕ Паддзахбӕл ке нимайун, е мӕ цардӕй бӕрӕг ӕй?»