Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕригӕнттӕ, уӕ ниййергути хӕццӕ ӕргом дзоретӕ

Ӕригӕнттӕ, уӕ ниййергути хӕццӕ ӕргом дзоретӕ

Ниййергути хӕццӕ ӕргом дзорун цӕмӕн гъӕуй? (Ӕм 23:26). Уомӕн ӕма син Йеговӕ баихӕс кодта, цӕмӕй дӕмӕ сӕ гъос даронцӕ ӕма дӕ ахур кӕнонцӕ (Пс 127:3, 4). Фал дӕ ци тухсун кӕнуй, уой си ку римӕхсай, уӕд дин куд банхус кӕндзӕнцӕ? Сӕ хӕццӕ ӕргом ку радзорай, уӕд дин сӕхе царди хабӕрттӕ дӕр ракӕндзӕнцӕ, е ба дин, ка ’й зонуй, банхус кӕндзӕй. Фал син цума алци ку нӕ дзорай, уӕд уоми лӕгъузӕй ести ес? Нӕййес, кӕд сӕ нӕ сайис ӕма син дзоргӕ ци ӕй, уой си нӕ римӕхсис, уӕд (Ӕм 3:32).

Дӕ бон куд ӕй дӕ ниййергути хӕццӕ радзорун? Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй сӕ хӕццӕ радзорунмӕ хуӕздӕр рӕстӕг равзарун кенӕ ба, ци зӕгъуйнаг дӕ, уой син гӕгъӕдибӕл ниффинсун. Фал, зӕгъӕн, дӕ ниййергути фӕндуй дӕ хӕццӕ радзорун, дӕу ба нӕ фӕндуй, уӕдта? Дӕ гъудий дарӕ, дӕ ниййергути дин банхус кӕнун ке фӕндуй. Етӕ де ’мбӕлттӕ ’нцӕ, де ’знӕгтӕ нӕ, фал. Де ’гас хъауритӕй ку архайай, цӕмӕй дӕ ниййергути хӕццӕ ӕргом дзорай, уӕд дин е абони дӕр, удта ӕносмӕ дӕр пайда уодзӕй! (Ӕм 4:10–12).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЖИЗНЬ ПОДРОСТКА. КАК НАЙТИ ОБЩИЙ ЯЗЫК С РОДИТЕЛЯМИ?» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Эстер ӕма Партик ци балӕдӕрдтӕнцӕ?

  • Киристей цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

  • Дӕ ниййергутӕ дӕбӕл ке тухсунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

  • Дӕ ниййергути зӕрдӕ дин хуарзӕй ӕндӕр неци зӕгъуй

    Библийӕй дин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ дӕ ниййергути хӕццӕ ӕргом дзорунмӕ?