Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Дохтирти ӕнхус дӕ ку багъӕуа, уӕд цӕттӕ разиндзӕнӕ?

Дохтирти ӕнхус дӕ ку багъӕуа, уӕд цӕттӕ разиндзӕнӕ?

Цӕттӕ цӕмӕн гъӕуама уай? Адӕймаги дохтирти ӕнхус ку багъӕуй кенӕ сӕйгӕдонӕмӕ ку бахауй, уӕд е арӕх ӕнӕнгъӕлӕги ’рцӕуй. Уомӕ гӕсгӕ дӕхе рагацау бацӕттӕ кӕнӕ, цӕмӕй дин багъӕуаги тӕккӕ хуӕздӕр мадзӕлттӕй хуасӕ кӕнонцӕ. Уотемӕй бавдесдзӕнӕ, цардӕн ӕма, Йеговӕ тоги туххӕй ци закъон равардта, уомӕн ке аргъ кӕнис (Гъд 15:28, 29).

Дӕ бон куд ӕй дӕхе бацӕттӕ кӕнун?

  • Йеговӕмӕ раковӕ, лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ ӕма байдзаг кӕнӕ «Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства» (dpa) a. Донаргъуд игъосунгӕнгутӕн сӕ бон ӕй аци бланк райсун, литературӕбӕл дзуапп ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрӕй. Ниййергутӕн сӕ бон ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн (18 анзи кӕбӕл нӕма цӕуй, уонӕн) райсун бланк «Удостоверение личности» (ic).

  • Сувӕллон кӕмӕн гъӕуама райгура, еци хуӕртӕн сӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй райсун бланк «Информация для беременных» (S-401). Е син банхус кӕндзӕй хуасӕ кӕнуни мадзӕлтти хӕццӕ баст фарстати фӕдбӕл раст унаффитӕ хӕссун, цалинмӕ сувӕллон нӕма райгурдӕй, удта ӕ игуруни рӕстӕг ку ’рхъӕрта, уӕд дӕр.

  • Сӕйгӕдони дӕ ку ивӕронцӕ кенӕ дин операци кӕнун ку гъӕуа ӕма ’й ку зонай, дохтиртӕ дин тог ку бауадзонцӕ, уомӕй дин тӕссаг ке ӕй, уӕд уой туххӕй рагацау хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕ.

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дин куд банхус кӕндзӕнцӕ? Банхус дин кӕндзӕнцӕ тоги гӕгъӕди байдзаг кӕнунмӕ, фал дин дӕ бӕсти унаффӕ нӕ хӕсдзӕнцӕ, удта, дӕхуӕдӕг ке гъӕуама ниллух кӕнай, еци гъуддӕгти фӕдбӕл дин сӕхе гъуди нӕ дзордзӕнцӕ (Ро 14:12; Га 6:5). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ку зӕгъай, дохтирти ӕнхус дӕ ке гъӕудзӕй ӕма дин тог ке бауадздзӕнцӕ, уомӕй тӕссаг ке ӕй, уӕд етӕ еци фӕдбӕл сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг комитетмӕ фӕххабар кӕндзӕнцӕ.

Сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг комитет дин куд банхус кӕндзӕй? Еци комитети ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн сӕ бон фӕууй дохтиртӕн ӕма юриститӕн балӕдӕрун кӕнун, тог уадзунмӕ ци цӕстӕй кӕсӕн, уой. Еци ӕнсувӕртӕ дин дӕ дохтири хӕццӕ радзордзӕнцӕ, тог бауадзуни бӕсти ци мадзӕлттӕ ес, уонӕбӕл. Ку багъӕуа, уӕд дин иссердзӕнцӕ, ӕнӕ тогӕй хуасӕ кӕнунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн дохтири.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «КАК ПРИНЯТЬ РЕШЕНИЕ ОТНОСИТЕЛЬНО МЕДИЦИНСКИХ ПРОЦЕДУР С ИСПОЛЬЗОВАНИЕМ КРОВИ» ӔМА АЦИ ФАРСТАБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:

  • Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй цӕттӕ уай, дохтири ӕнхус дӕ ку багъӕуа, уӕд?

a Киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» 39 урок дин банхус кӕндзӕй тогӕй хуасӕ кӕнуни мадзӕлтти фӕдбӕл унаффӕ рахӕссун.