Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Имисӕн изӕрмӕ дӕхецӕн нисӕнттӕ исӕвӕрӕ

Имисӕн изӕрмӕ дӕхецӕн нисӕнттӕ исӕвӕрӕ

Алли анз дӕр Йегови лӕггадгӕнгутӕ Имисӕн изӕрмӕ хъӕбӕр фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ. Имисӕн изӕри размӕ ӕма ӕ фӕсте дӕр нин фӕууй фадуӕттӕ, цӕмӕй бавдесӕн, Киристей нивонди туххӕй Йеговӕй боз ке ан, уой (Еф 1:3, 7). Зӕгъӕн, фӕййархайӕн, цӕмӕй фулдӕр адӕни Имисӕн изӕрмӕ ӕрбахонӕн. Кӕцидӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ гъуддӕгтӕ уотӕ испълан кодтонцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа мартъий ӕма апрели ӕнхусгӕнӕг пионертӕй балӕггадӕ кӕнун 30 кенӕ 50 сахатти. Дӕу ба нӕ фӕндадтайдӕ Имисӕн изӕри рӕстӕг фулдӕр балӕггадӕ кӕнун? Кӕд гъо, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй?

Нӕ гъуддӕгтӕ рагацау ку ’спълан кӕнӕн, уӕд нин фулдӕр бантӕсдзӕй (Ӕм 21:5). Имисӕн изӕрмӕ берӕ нӕбал байзадӕй, ӕма дӕ гъуддӕгтӕмӕ нур ӕркӕсӕ. Расагъӕс кӕнӕ дӕ бон куд адтайдӕ фулдӕр балӕггадӕ кӕнун ӕма дӕ бон ци ӕй искӕнун, цӕмӕй дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи бафтуйонцӕ. Удта Йеговӕмӕ раковӕ, цӕмӕй дин райарфӕ кӕна (1Ин 5:14, 15).

Дӕ бон ци ӕй искӕнун, цӕмӕй Имисӕн изӕри рӕстӕг фулдӕр балӕггадӕ кӕнай?