НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уой базонунбӕл архайӕ
Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй ӕ цардӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕна (Ӕм 27:11). Фӕууй уотӕ, ӕма нӕ фӕгъгъӕуй цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун, фал куд бакӕнӕн, уой туххӕй ба Библий комкоммӕ неци финст ес. Цӕмӕй раст унаффӕ рахӕссӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ уавӕрмӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕн. Цума нин еци гъуддаги ци банхус кӕндзӕй?
Библи ахур кӕнӕ. Библи ку фӕккӕсӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма рӕстӕг Йегови хӕццӕ ферветӕн. Ку фӕссагъӕс кӕнӕн, Йеговӕ ӕ адӕнӕн куд адтӕй, удта ӕ цӕсти раст ка адтӕй ӕма ка н’ адтӕй, уони царди хабӕрттӕбӕл, уӕд хуӕздӕр фӕллӕдӕрӕн, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уой. Унаффӕ рахӕссун нӕ ку гъӕуа, уӕд нин сугъдӕг хъаурӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕй, Библи кӕсгӕй ке базудтан, еци ӕхсидзгӕ уагӕвӕрдтӕ (Ин 14:26).
Лӕмбунӕг ӕртасӕ. Унаффӕ рахӕссуни размӕ дӕхе бафӕрсӕ: «Йеговӕ аци фарстай туххӕй ци гъуди кӕнуй, уой базонунмӕ мин Библийӕй цӕхуӕн стихтӕ кенӕ хабӕрттӕ банхус кӕндзӕнцӕ?» Йеговӕй ӕнхус ракорӕ. Библи ӕртасунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй, дӕ уавӕрмӕ ка хауй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ иссерай ӕма уонӕмӕ гӕсгӕ архайай (Пс 25:4).
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «МЫ ДОЛЖНЫ БЕЖАТЬ „СО СТОЙКОСТЬЮ“. ПОЛНОЦЕННО ПИТАЙТЕСЬ» ӔМА ДЗУАПП РАТТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Нӕ ӕригон хуӕрӕ цӕхуӕн зин уавӕри бахаудтӕй?
-
Дӕуӕн ба уӕхӕн уавӕри куд банхус кӕндзӕнцӕ, Библи ӕртасунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, етӕ?
-
Библи, удта дӕ ка тухсун кӕнуй, уӕхӕн фарстатӕ ӕртасунмӕ рӕстӕг ку хецӕн кӕнай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй хуарз унаффитӕ хӕссунмӕ? (Дзт 5:13, 14).