147 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)
1. Ӕносон цардӕй нин зӕрдӕ ка байвардта, еци Хуцаубӕл ӕууӕндӕн цӕмӕн ес?
(10 мин.)
Йеговӕ ӕй ӕносон Хуцау (Иов 36:26; w15-U 1/10 13 ф., 1, 2 абз.).
Йегови устур хъаурӕ ӕма зунди фӕрци зӕнхӕбӕл ес цард (Иов 36:27, 28; w20.05 22 ф., 6 абз.).
Йеговӕ нӕ ахур кӕнуй, ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уӕн (Иов 36:4, 22; Ин 17:3).
Йеговӕ нин ӕносон цард ке балӕвар кӕндзӕй, уобӕл федарӕй ку ӕууӕндӕн, уӕд цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахездзиан (Дзт 6:19; w22.10 28 ф., 16 абз.).
2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай
(10 мин.)
-
Иов 37:20. Рагидзаманти адӕн хабӕрттӕ арӕхдӕр куд базониуонцӕ? (it-2-U 314 ф., 6 абз.)
-
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
3. Библи кӕсӕн
(4 мин.): Иов 36:1–21 (th 2 урок)
4. Дзубанди ку райдайай
(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, БЕРӔ АДӔН КӔМИ ФӔУУЙ, УӔХӔН РАУӔН (lmd 3 урок, 3 пункт).
5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай
(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ (lmd 2 урок, 5 пункт).
6. Цӕбӕл ӕууӕндис, уой лӕдӕрун кӕнис
(5 мин.) Радзубанди арӕзт ӕй ijwfq 57 ф., 5–15 абз. Темӕ: «Холокости рӕстӕг Йегови Ӕвдесӕнти фӕдбӕл цӕмӕн зилдӕнцӕ?» (th 18 урок).
49 зар
7. Дохтирти ӕнхус дӕ ӕнӕнгъӕлти ку багъӕуа, уомӕ цӕттӕ дӕ?
(15 мин.) Хестӕр нӕлгоймаги радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.
Йегови организаци нин алцидӕр дӕттуй, цӕмӕй нӕ бон уа тоги туххӕй закъон ӕнхӕст кӕнун (Гъд 15:28, 29). Ду ба ӕгас еци ӕрмӕгӕй пайда кӕнис?
«Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства» (dpa) ӕма «Удостоверение личности» (ic). Уоми бӕлвурдӕй финст фӕууй адӕймаги фӕндон тог бауадзуни фӕдбӕл ӕма ӕндӕр процедурити фӕдбӕл. Донаргъуд ка ӕй, уой бон ӕй тоги гӕгъӕди райсун, литературӕбӕл дзуапп ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрӕй. Ниййергути бон ӕй сӕ минкъий сувӕллӕнттӕн кенӕ, ирӕзгӕ кари ка ӕй, уонӕн райсун «Удостоверение личности». Тоги гӕгъӕди гъӕуама алкӕддӕр дӕ хӕццӕ уа. Кӕд еци гӕгъӕди нӕма байдзаг кодтай кенӕ дин имӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсун гъӕуй, уӕд рӕстӕг ма ивазӕ.
«Информация для беременных» (S-401) ӕма «Информация для пациентов, которым требуется хирургическое вмешательство или химиотерапия» (S-407). Аци гӕгъӕдитӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ рагацау унаффӕ рахӕссун. Дӕ хуарзӕнхӕй, кӕд дин гъӕуама операци искӕнонцӕ кенӕ кӕд сувӕллонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис кенӕ раккӕй сӕйис, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ракорӕ, дӕу уавӕрмӕ ка хауй, уӕхӕн гӕгъӕди.
Сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг комитет. Аци комитетмӕ нисангонд ӕнцӕ, дзӕбӕх ке бацӕттӕ кодтонцӕ, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ, цӕмӕй сӕ бон уа дохтиртӕн, удта хуӕртӕн ӕма ӕнсувӕртӕн дӕттун информаци тоги хӕццӕ баст дзӕбӕх кӕнуни мадзӕлтти туххӕй. Аци ӕнсувӕрти бон ӕй дӕ дохтири хӕццӕ радзорун, тог уадзуни бӕсти цӕхуӕн мадзӕлттӕ ес, уонӕбӕл кенӕ, ку багъӕуа, уӕд дин иссердзӕнцӕ, ӕнӕ тогӕй дзӕбӕх кӕнунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн дохтири. Дӕ бон сӕмӕ ӕй цийфӕнди афони дӕр бадзорун. Етӕ банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕуунцӕ. Кӕд дӕ сӕйгӕдони нихъхъан ун гъӕуй, операци искӕнун гъӕуй кенӕ дӕ кӕд химиотерапийӕй дзӕбӕх кӕндзӕнцӕ, уӕд, куд тагъддӕр, уотӕ хуӕздӕр еци комитети ӕнсувӕртӕй ескӕмӕ бадзорӕ, уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма дӕ тог бауадзун нӕ багъӕудзӕй, уӕддӕр. Е хауй, сувӕллонмӕ ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, еци хуӕртӕмӕ дӕр. Еци ӕнсувӕрти номертӕ дӕ бон ӕй ракорун хестӕр нӕлгоймӕгтӕй.
Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Комитеты по связям с больницами. Как они помогают?». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг комитет дин куд банхус кӕндзӕй, дӕхе дзӕбӕх кӕнун дӕ ку гъӕуа кенӕ дин операци искӕнун ку гъӕуа, уӕд?
8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ
(30 мин.) bt-U 4 сӕр, 9–12 абз., рамкӕ 34 ф.