Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

19–25 феврали

ПСАЛОМТӔ 8–10

19–25 феврали

2 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕгас зӕрдӕй дӕ кадгин кӕндзӕн, о Йеговӕ»

(10 мин.)

Йеговӕ нӕмӕ хӕларзӕрдӕ ӕй (Пс 8:3–6; w21.08 3 ф., 6 абз.).

Нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй Йегови кадгин кӕнун ӕма ӕ дессаги гъуддӕгти туххӕй иннетӕн дзорун (Пс 9:1; w20.05 23 ф., 10 абз.).

Йегови ма фӕккадгин кӕнӕн, ӕгас зӕрдӕй ин зартӕ ку фӕззарӕн, уӕд (Пс 9:2; w22.04 7 ф., 13 абз.).

ДӔХЕ БАФӔРСӔ: «Мӕ бон ма куд ӕй Йегови кадгин кӕнун?»

2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай

(10 мин.)

  • Пс 8:3. Дзурдтӕй, «дӕ къохти хъиамӕттӕ», зӕгъгӕ, псаломзаргӕнӕги ци зӕгъун фӕндадтӕй? (it-2-U 279 ф., 4 абз.)

  • Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?

3. Библи кӕсӕн

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ

4. Дзубанди ку райдайай

(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Дзубанди кӕнис, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндуй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ (lmd 5 урок, 4 пункт).

5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабӕрӕг кӕнай

(4 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Ай разӕй дин адӕймаг загъта, Хуцаубӕл ке не ’ууӕндуй, фал арази ӕй, Хуцау ке ес, уомӕн ци бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уонӕбӕл радзорун (th 7 урок).

6. Радзубанди

(5 мин.) w21.06 6, 7 фф., 15–18 абз. Темӕ: «Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой ахур кӕнӕ Йегови кадгин кӕнун» (th 10 урок).

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

10 зар

7. Нӕ бон куд ӕй адӕни хӕццӕ ӕнӕуой естӕбӕл дзубанди кӕнгӕй хуарз хабар игъосун кӕнун

(10 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.

Йегови кадгин кӕнунмӕ нин берӕ фадуӕттӕ ес, ӕма си еу ӕй – бони дӕргъи кӕбӕл фембӕлӕн, уонӕн игъосун кӕнун (Пс 35:28). Фиццӕгти, ка ’й зонуй, уобӕл уотид сагъӕс кӕнгӕй дӕр тухсдзӕнӕ. Фал ку исахур уай адӕни хӕццӕ ӕнӕуой естӕбӕл дзубанди идайун ӕма дӕ дзубанди раидард кӕнун, уӕд ӕй дӕхуӕдӕг уиндзӕнӕ, дӕ лӕггадӕ хуарз тиллӕг ке хӕссуй ӕма дин ӕхцӕуӕндӕр уодзӕй уотӕ игъосун кӕнун.

Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Проповедуйте „радостную весть о мире“. Берите на себя инициативу». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:

Аци видеоролик дин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фадуат ку фӕззинна, уӕд дин адӕни хӕццӕ дзорун хуӕздӕр уайа?

Мӕнӕ цалдӕр унаффи:

  •   Хӕдзарӕй ку рацӕуис, уӕд алли хатт дӕр расагъӕс кӕнисӕ, адӕни хӕццӕ радзубанди кӕнунмӕ дин цӕхуӕн фадуӕттӕ уодзӕй, уобӕл. Йеговӕмӕ уой туххӕй ковӕ ӕма си корӕ, цӕмӕй дӕбӕл ӕмбӕлонцӕ, рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕн.

  •   Адӕни хӕццӕ хӕларзӕрдӕ уо ӕма сӕбӕл зӕрдӕй тухсӕ. Адӕймаги туххӕй ести базонӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, Библийӕй ӕ зӕрдӕмӕ цӕхуӕн гъуди багъардзӕй.

  •   Адӕймаги ку фӕндӕуа, уӕд ин ӕ телефони номертӕ райсӕ ӕма ин дӕхе телефони номертӕ раттӕ.

  •   Библий туххӕй радзорун дин фадуат ку нӕ фӕззинна, уотемӕй адӕймаг ку рандӕ уа, уӕд дӕ нифс ма расӕттӕд.

  •   Уӕ дзубандий фӕсте дӕр адӕймаги туххӕй сагъӕс кӕнӕ. Зӕгъӕн, дӕ бон имӕ ӕй ссылкӕ рарветун Библий стихмӕ кенӕ сайтӕй jw.org цӕхуӕндӕр статьямӕ.

Бавзарӕ. Еске дӕ ку бафӕрса «Уолӕфгӕ бӕнтти ци кустай?», уӕд дӕ бон ӕй радзорун, ӕмбурди ке фегъустай, еци гъудитӕй ескӕци кенӕ игъосун кӕнуни гъуддаги куд архайдтай, уой.

8. Ӕркӕсуйнаг фарстатӕ

(5 мин.)

9. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 65 зар ӕма кувд