11 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)
1. Рӕстӕг рахецӕн кӕнис, цӕмӕй, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕ де ’ргом ӕздахай?
(10 мин.)
Йеговӕ зӕнхӕ ку фӕлдиста, уӕд бал еу ести искӕнидӕ, удта рӕстӕг рахецӕн кӕнидӕ, цӕмӕй ӕ къохти хъиамӕтмӕ ӕркӕса (Рд 1:10, 12; Иов 38:5, 6; w21.08 9 ф., 7 абз.).
Изӕдтӕ рӕстӕг рахецӕн кӕниуонцӕ, цӕмӕй, Йеговӕ Дун-дуйне куд фӕлдиста, уомӕ кастайуонцӕ (Иов 38:7; w20.08 14 ф., 2 абз.).
Рӕстӕг ку хецӕн кӕнӕн, цӕмӕй, Йеговӕ ци сфӕлдиста, уомӕ не ’ргом ӕздахӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй (Иов 38:32–35; w23.03 17 ф., 8 абз.).
2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай
(10 мин.)
-
Иов 38:8–10. Йеговӕ Закъонӕвӕрӕг ке ӕй, уой туххӕй аци скъуддзагӕй ци ес базонӕн? (it-1-U 810 ф., 1, 2 абз.)
-
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
3. Библи кӕсӕн
(4 мин.): Иов 39:1–22 (th 5 урок)
4. Дзубанди ку райдайай
(2 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Адӕймаги дзорун ку нӕ фӕндӕуа, уӕд дӕ дзурдӕн уӕзданӕй ракӕрон кӕнӕ (lmd 2 урок, 3 пункт).
5. Адӕймаги нӕуӕгӕй ку бабарӕг кӕнай
(5 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Ай размӕ дин адӕймаг загъта, ӕ хӕстӕгутӕй кадӕр ке рамардӕй (lmd 9 урок, 3 пункт).
6. Радзубанди
(5 мин.) lmd 1 уӕлӕнхасӕн, 1 пункт. Темӕ: «Ци хабӕрттӕ цӕуй ӕма адӕн сӕхе куд дарунцӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй, тагъд рӕстӕги цард ке раййевдзӕй» (th 16 урок).
111 зар
7. Сфӕлдистадӕмӕ ку кӕсӕн, уӕд нин е ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕхебӕл ӕгӕр берӕ ма сагъӕс кӕнӕн
(15 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.
Сайтан Иови зиндзийнӕдти буни ке фӕккодта, удта ин е ’мбӕлттӕ ӕнӕфудӕй берӕ ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ке фӕккодтонцӕ, уой туххӕй Иов ӕхемӕ ӕма ӕ зиндзийнӕдтӕмӕ ӕгӕр никкомкоммӕ ’й.
Бакӕсӕ Иов 37:14. Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Иови ци бакӕнун гъудӕй, цӕмӕй гъуддӕгтӕмӕ нӕуӕгӕй Йегови цӕстӕй кӕсун райдӕдтайдӕ?
Зиндзийнӕдти рӕстӕг сфӕлдистадӕмӕ не ’ргом ку ’здахӕн, уӕд ӕй нӕ иронх кӕндзиан, Йеговӕ Алцигъон Хуцау ке ӕй ӕма нӕ фӕнддзӕй идарддӕр дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон ун. Удта ибӕл некӕд гурусхӕ кӕндзиан, уойбӕрцӕ хъаурӕ имӕ ке ес, цӕмӕй нин банхус кӕна (Мф 6:26).
Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Что мы узнаем из книги Иов. Животный мир». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Аци видеороликкӕй куд зиннуй, нӕ бон ке ӕй нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарун?
8. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ
(30 мин.) bt-U 4 сӕр, 13–20 абз.