Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ИСАЙ 34–37

Езекийӕн е ’ууӕндундзийнадӕ арфӕгонд ӕрцудӕй

Езекийӕн е ’ууӕндундзийнадӕ арфӕгонд ӕрцудӕй

Ассирий паддзах Сеннахирим рабсакки Йерусалиммӕ рарвиста, цӕмӕй адӕнӕн загътайдӕ, уӕхе нӕ къохмӕ раттетӕ, зӕгъгӕ. Цӕмӕй дзиуиттӕгтӕ сӕхе ӕнӕтохгӕй уони къохмӕ равардтайуонцӕ, уой туххӕй ассирийӕгтӕ аллихузи нифссӕттӕн дзурдтӕй пайда кодтонцӕ.

  • Еунӕгӕй адтӕнцӕ. Египет уин нӕ банхус кӕндзӕй (Ис 36:6)

  • Дузӕрдуг гъудитӕ. Йеговӕ уӕ сӕрбӕл нӕ рахуӕццӕй, уомӕн ӕма уи боз нӕй (Ис 36:7, 10)

  • Фӕттарстӕнцӕ. Уӕ бон не ’суодзӕй Ассирий хъаурӕгин ӕфсади нихмӕ фӕллӕуун (Ис 36:8, 9)

  • Фӕлварӕни бахаудтӕнцӕ. Ассирийӕгти къохмӕ уӕхе ку радтайтӕ, уӕд уӕ цард фӕххуӕздӕр уодзӕй (Ис 36:16, 17)

Езеки Йеговӕбӕл ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодта

37:1, 2, 14–20, 36

  • Ӕ бон ци адтӕй, уой кодта, цӕмӕй горӕт багъӕуай кодтайдӕ

  • Йеговӕмӕ кувта, цӕмӕй сӕ фӕййервӕзун кодтайдӕ, ӕма адӕни дӕр уомӕ разӕнгард кодта

  • Йеговӕ Езекий ӕууӕндундзийнадӕн райарфӕ кодта: изӕди рарвиста, ӕма еци изӕд еу ӕхсӕвӕмӕ 185 000 ассирийаг ӕфсӕдтони рамардта