Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«О Йеговӕ... дӕубӕл дарун мӕ зӕрдӕ»

«О Йеговӕ... дӕубӕл дарун мӕ зӕрдӕ»

Мах гъӕуама нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн, хуарз рӕстӕгути дӕр ӕма лӕгъуз рӕстӕгути дӕр (Пс 25:1, 2). Н. э. размӕ, ӕстӕймаг ӕноси, Иуди ка цардӕй, еци дзиуиттӕгтӕ фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕнцӕ, ӕма уомӕй рабӕрӕг ӕй, сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардтонцӕ ӕви нӕ. Еци рӕстӕг ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн (Ро 15:4). Ку бакӕсайтӕ киномӕ «О Йеговӕ... дӕубӕл дарун мӕ зӕрдӕ», уӕд аци фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнтӕ:

  1. Езеки цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй?

  2. Ӕмбесӕндти 22:3 ци уагӕвӕрд финст ес, уомӕй Езеки куд испайда кодта, ассирийӕгтӕ горӕт байахӕссунмӕ ку гъавтонцӕ, уӕд?

  3. Езеки сагъӕс дӕр цӕмӕннӕ ракодта, цӕмӕй сӕхе ассирийӕгти къохмӕ равардтайуонцӕ кенӕ Египеттӕй ӕнхус ракурдтайуонцӕ?

  4. Езеки киристӕнттӕн фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

  5. Цӕхуӕн уавӕрти рабӕрӕг уй, нӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарӕн ӕви нӕ?

Ниффинсӕ, дӕ бон ма цӕхуӕн уавӕрти ӕй дӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарун.