НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Иронх уи ма уӕд, ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, еци киристӕнтти туххӕй ковун
Библий финст адтӕй, Сайтан нӕ фӕдбӕл ке зелдзӕй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаг ӕрлӕуун кӕна (Ин 15:20; Рар 12:17). Нӕ бон куд ӕй, ӕндӕр бӕстити ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнун? Нӕ бон ӕй уони туххӕй ковун. «Рӕстгӕнӕги зӕрдиаг кувдӕн устур хъаурӕ ес» (Иак 5:16).
Цӕй туххӕй ӕй нӕ бон ковун? Нӕ бон ӕй Йеговӕй корун, цӕмӕй нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕ мацӕмӕй тӕрсонцӕ ӕма сӕ нифс ма басӕтта (Ис 41:10–13). Удта ма нӕ бон ӕй ковун, цӕмӕй хецауадӕ игъосун кӕнуни гъуддаг ма къулумпи кӕна ӕма «нӕ бон уа нӕхецӕн ӕнцад ӕма сабурӕй цӕрун» (1Тм 2:1, 2).
Павел ӕма Петур ӕфхуӕрд ку ӕййафтонцӕ, уӕд фиццаг ӕноси киристӕнттӕ уони туххӕй кувтонцӕ ӕма син сӕ нӕмттӕ дӕр дзурдтонцӕ (Гъд 12:5; Ро 15:30, 31). Кӕд мах рӕстӕги ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, уонӕй ӕгасей нӕмттӕ нӕ зонӕн, уӕддӕр нӕ кувди нӕ бон ӕй зӕгъун, ци ӕмбурдӕй, бӕстӕй кенӕ регионӕй ӕнцӕ, уой.