Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЙИ 1–3

«Уӕларвон Паддзахадӕ ӕрхӕстӕг ӕй»

«Уӕларвон Паддзахадӕ ӕрхӕстӕг ӕй»

3:4

  • Иоаннӕн ӕ уӕледарӕсӕй ӕма е ’ндаг бакастӕй зин балӕдӕрӕн н’ адтӕй, хумӕтӕг цард ке кодта. Е ӕ цард еугурӕйдӕр равардта Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ

  • Иоанмӕ ӕрхаудтӕй устур кадӕ – Киристейӕн над ӕрцӕттӕ кӕнун. Ӕма кӕд уой туххӕй ӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кодта, уӕддӕр е уой аргъ адтӕй

Хумӕтӕг цард ку кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй Хуцауӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун, ӕма нин е устур цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй. Дӕ бон куд ӕй дӕ цард фӕххумӕтӕгдӕр кӕнун?

  • Ӕнӕмӕнгӕ дӕ ци гъӕуй, уой исбӕрӕг кӕнӕ

  • Ӕхца дзӕгъӕли ма харз кӕнӕ

  • Ниффинсӕ, алли къуӕре кенӕ дӕ алли мӕйӕ ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕудзӕй ӕма дӕ уонӕбӕл цӕйбӕрцӕ гъӕудзӕй харз кӕнун, уой

  • Кӕмӕй нӕ пайда кӕнис, еци дзаумӕттӕ рауӕйӕ кӕнӕ кенӕ сӕ ескӕмӕн раттӕ, кенӕ ба сӕ рагӕлдзӕ

  • Дӕ ихӕстӕ бафедӕ

  • Байархайӕ, цӕмӕй дӕ косун минкъийдӕр рӕстӕг гъӕуа

Иоанн хумӕтӕг хуӕруйнаг хуардта: саринцхатӕ ӕма гъӕддаг муд

Хумӕтӕг цард ку кӕнон, уӕд мӕ къохи цӕхуӕн нисан бафтуйдзӕй?