Киристе адӕнӕн дзурдта, уодӕнцойнӕ син ке ратдзӕй
«Ме ’фсойнӕ ӕй ӕнцонхӕссӕн»
Киристе адтӕй гъӕддӕсни, ӕма ’й зудта, дзӕбӕх ӕфсойнӕ куд ес искӕнӕн, уой. Уой туххӕй ӕвӕдзи ӕфсойнӕ гъудӕй истохун хъумацӕй кенӕ сӕракӕй, цӕмӕй ӕнцондӕр хӕссӕн адтайдӕ. Донаргъуд ку райсӕн, уӕд исуӕн Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ, ӕма ин уотемӕй е ’фсойнӕ дӕр райсӕн. Мах кӕнӕн зин ӕма ӕхсидзгӕ куст, фал ӕй зӕрдиагӕй ку фӕккӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй ӕма берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн.
Киристей ӕфсойнӕ кӕдӕй райстай, уӕдӕй нурмӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин дӕ?