НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Де ’нсувӕри хӕццӕ бал бафедауӕ». Кутемӕй?
Дӕ цӕститӕбӕл рауайн кӕнӕ, цума цӕрис Киристей рӕстӕг Галилейи. Ӕрбацудтӕ Йерусалиммӕ, цӕмӕй Уосонгити бӕрӕгбон исбӕрӕг кӕнай. Горӕт идзаг ӕй, идард рауӕнтӕй ка ’рбацудӕй, уӕхӕн адӕнӕй. Дӕу фӕндуй дӕ нивонд Йеговӕн ӕрхӕссун. Дӕ сӕгъӕ дӕ хӕццӕ ’й ӕма райдӕдтай цӕун ковӕндонӕмӕ дуйне адӕни астӕу, горӕти унгӕг гъӕунгти. Ковӕндони уӕнгӕ ку бахъӕрттӕ, уӕд фӕууидтай хъӕбӕр берӕ адӕн, уони дӕр фӕндуй нивонд ӕрхӕссун. Рӕстӕг рацудӕй ӕма кӕдӕй-уӕдӕй дӕ нивонд саугинӕн дӕттунмӕ гъавис. Уӕдмӕ дӕ зӕрди ӕвваст ӕрбафтудӕй, де ’нсувӕри зӕрдихудти ке бацудтӕ, фал еци дуйне адӕни астӕу кӕми ӕй, уой зонгӕ дӕр нӕ кӕнис. Киристе балӕдӕрун кодта, ци кӕнун гъӕуй, уой. (Бакӕсӕ Матфеййи 5:24.) Дӕу бон дӕр ӕма, ке зӕрдихудти бацудтӕ, еци ӕнсувӕри бон дӕр куд ӕй фарнӕмӕ тундзун, Киристе куд амонуй, уотӕ? Дӕлдӕр ци унаффитӕ ес, уонӕми раст дзуӕппитӕ фӕннисан кӕнӕ.
ДУ ГЪӔУАМА...
-
де ’нсувӕри хӕццӕ радзубанди кӕнай, кӕд ӕцӕгӕйдӕр цидӕр раст нӕ бакодтай, ӕрмӕстдӕр уӕд
-
де ’нсувӕрӕн балӕдӕрун кӕнай, гъуддаг ӕгӕр ке ниддесаг кодта кенӕ ӕхуӕдӕг дӕр ке ӕй фудгин
-
де ’нсувӕрмӕ лӕмбунӕг байгъосай, ӕ зӕрди ’нкъарӕнтӕ дин куд дзоруй, уомӕ ӕма ’й кӕд кӕронмӕ нӕ лӕдӕрис, уӕддӕр си сӕрниллӕгӕй хатир ракорай, ӕ зӕрдӕ ин ке фӕрресун кодтай ӕма имӕ дӕ гъуддӕгти туххӕй ци зиндзийнӕдтӕ фӕззиндтӕй, уони туххӕй
ДЕ ’НСУВӔР ГЪӔУАМА...
-
иннетӕн радзора, ӕ зӕрдихудти ин куд бацудтӕ, цӕмӕй ӕ фарс уонцӕ
-
фӕ дин хилӕ кӕна, дӕ рӕдуд дин листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕна ӕма ди байагора, цӕмӕй дӕ рӕдудбӕл басӕттай
-
балӕдӕра, ке имӕ бацудтӕ, е нифс ӕма сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл дзорӕг ке ӕй, ӕма дин зӕрдӕй ниххатир кӕна
Кӕд нин нур фонси нивӕндтӕ хӕссун нӕ гъӕуй, уӕддӕр нӕ Киристей цӕбӕл фӕндадтӕй исахур кӕнун, не ’нсувӕри хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун ӕма нӕ лӕггадӕ Йегови зӕрдӕмӕ цӕуа, етӕ кӕрӕдзей хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уой туххӕй?