Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уомӕн ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уомӕн ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ: Библи ка ахур кӕнуй, уомӕй Йеговӕ арази уодзӕй, ӕ цард ин ку иснивонд кӕна ӕма донаргъуд ку райса, уӕд (1Пт 3:21). Йеговӕн ци дзурд равардта, уомӕ гӕсгӕ ӕ цард ку араза, ӕрмӕстдӕр гъе уӕд е ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг нецӕмӕй уодзӕй (Пс 91:1, 2). Киристон ӕхе адӕймагӕн, кустӕн кенӕ организацийӕн не ’снивонд кӕнуй, фал Йеговӕн. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама алкӕддӕр архайа, цӕмӕй Хуцауи фулдӕрӕй-фулдӕр уарза ӕма ин алкӕддӕр арфӕ кӕна (Ро 14:7, 8).

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Ба ’й фӕрсӕ, ахури рӕстӕг ӕрмӕгӕй Йегови туххӕй ци базудта, уобӕл. Уӕлдайдӕр ба ин ӕ зӕрдӕбӕл ӕрдарисӕ, куд ӕхсидзгӕ ’й алли бон дӕр Библи кӕсун ӕма «алкӕддӕр» Йеговӕмӕ ковун (1Фс 5:17; Иак 4:8)

  • Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой баразӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй ӕ рази уӕхӕн нисан исӕвӕра, ӕма ӕхе Йеговӕн иснивонд кӕна ӕма донаргъуд райса. Фал цалинмӕ донаргъуд нӕ райса, уӕдмӕ ’й разӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй ӕмбурди дзуӕппитӕ дӕтта, удта синхӕнттӕн ӕма ӕмкосгутӕн ци базудта, уой дзора. Дӕ гъудий дарӕ, Йеговӕ тухӕ некӕмӕн кӕнуй. Адӕймаг гъӕуама ӕхуӕдӕг рахӕсса унаффӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕй ӕви нӕ (Д.з 30:19, 20)

  • Разӕнгард ӕй кӕнӕ ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнунмӕ, цӕмӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕна ӕма донаргъудмӕ ӕхе бацӕттӕ кӕна (Ӕм 27:11). Адӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ раййевун ӕнцон нӕ фӕууй. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕн, ӕвӕдзи, банхус кӕнун дӕр гъӕудзӕй, цӕмӕй ӕ «зӕронд уодигъӕдӕ» ниууадза ӕма ’й «нӕуӕгмӕ раййева» (Еф 4:22–24). Е ’ргом ин раздахӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и рубрикӕмӕ «Библи ӕййевуй адӕймаги цард»

  • Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци цийнӕдзийнадӕ райсис, уой ин радзорисӕ (Ис 48:17, 18)