Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦУАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 87–91

Стур Хуцауи римӕхсӕн бунат макӕд ниууадзӕ

Стур Хуцауи римӕхсӕн бунат макӕд ниууадзӕ

Йегови «римӕхсӕн бунати» не ’ууӕндундзийнадӕн тӕссаг нецӕмӕй уодзӕй

91:1, 2, 9–14

  • Йегови римӕхсӕн бунати цӕрун ке фӕндуй, етӕ гъӕуама сӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнонцӕ ӕма донаргъуд райсонцӕ

  • Хуцаубӕл ӕ зӕрдӕ ка нӕ даруй, етӕ еци бунат зонгӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ

  • Йегови римӕхсӕн бунати ка ӕй, уони неке ӕма неци бахъор кӕндзӕй, цӕмӕй Хуцаубӕл ӕууӕндонцӕ ӕма ’й уарзонцӕ

«Цъеуахӕссӕг» архайуй, цӕмӕй нӕ скъӕппӕги ниййахӕсса

91:3

  • Цъеуи ӕнцонтӕй нӕ ниййахӕсдзӕнӕ

  • Цъеуахсгутӕ хъӕбӕр лӕмбунӕг фертасунцӕ, цъеутӕ сӕхе куд фӕддарунцӕ, уой, цӕмӕй нӕуӕг скъӕппӕгутӕ ӕргъуди кӕнонцӕ

  • Сайтан дӕр «цъеуахӕссӕги» хузӕн архайуй, цӕмӕй нӕ хуӕздӕр базона ӕма нӕ Йеговӕй райеуварс кӕна

Сайтан арӕхдӕр кӕмӕй фӕппайда кӕнуй, еци цуппар скъӕппӕги:

  • Адӕнӕй тӕрсун

  • Гъӕздугдзийнадӕмӕ бӕллун

  • Лӕгъуз ерхӕфсӕнтӕ

  • Еске хӕццӕ кӕрӕдзей ку нӕ фӕллӕдӕрӕн