Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Рӕстдзийнадӕ амонӕ

Рӕстдзийнадӕ амонӕ

Сентябрӕй фӕстӕмӕ нӕ «Нӕ цард ӕма лӕггадӕ. Косӕн тъетрад»-и уодзӕй, нӕуӕг цӕветтонтӕ, дзубанди райдайӕн куд ес, уомӕн. Сӕ еумӕйаг ном уодзӕй «Рӕстдзийнадӕ амонӕ». Нӕ нисан уодзӕй, цӕмӕй адӕнӕн Библий сӕйраг ахурӕдтӕ амонӕн фарстатӕ ӕма стихти фӕрци.

Адӕймаг нӕмӕ дзӕбӕх ку байгъоса, уӕд ин нӕ бон уодзӕй ниууадзун публикаци кенӕ ба нӕ сайтӕй ести видеоролик бавдесун, цӕмӕй нӕ бон уа иннӕ хатт дӕр ӕ хӕццӕ радзубанди кӕнун. Гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нӕмӕ дзӕбӕх ка байгъоса, уомӕ еу цалдӕр боней фӕсте нӕуӕгӕй ӕрбацӕуӕн ӕма ӕ хӕццӕ идарддӕр радзубанди кӕнӕн. Дзубанди куд райдайдзиан, е арӕзт уодзӕй фарстатӕбӕл ӕма Библий стихтӕбӕл. Уой фӕрци дуккаг бацудтӕ кӕнгӕй ӕма Библий ахур уадзгӕй пайда кӕндзиан ӕрмӕстдӕр Библийӕй.

Цардмӕ ӕрмӕстдӕр еу над кӕнуй (Мф 7:13, 14). Ӕма аллихузи адӕнихӕттитӕй ӕма аллихузи динтӕбӕл хуӕст адӕнбӕл ке исӕмбӕлӕн, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама архайӕн, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ уотӕ амонӕн, цӕмӕй алке зӕрдӕмӕдӕр багъара (1Тм 2:4). Библий туххӕй адӕни хӕццӕ куд арӕхстгундӕрӕй дзорӕн ӕма «рӕстдзийнади дзурд» куд арӕхстгундӕрӕй амонӕн, уотӕ нӕхемӕ дӕр фулдӕр цийнӕдзийнадӕ уодзӕй ӕма иннетӕн рӕстдзийнадӕ амонгӕй ӕнтӕстгундӕр уодзиан (2Тм 2:15).