Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Уӕ территорий Имисӕн изӕрмӕ алкедӕр фӕххонетӕ!

Уӕ территорий Имисӕн изӕрмӕ алкедӕр фӕххонетӕ!

Киристей мӕлӕт Имисӕн изӕрмӕ адӕни хонун райдайдзиан 27 февралӕй ӕма архайдзиан, цӕмӕй нӕ территорий, гӕнӕн ӕма амалӕй, фулдӕр адӕни фӕххонӕн. Гъӕуама байархайӕн, еу минкъий дӕр нӕмӕ ка байгъоса, уони рабӕрӕг кӕнунбӕл.

ЦИ ЕС БАКӔНӔН

АДӔЙМАГӔН ЗӔГЪӔ

«Адӕни еу ӕхсидзгӕ хабармӕ хонӕн. Ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕбӕл дӕр 23 мартъий милиуангай адӕн ӕрӕмбурд уодзӕнцӕ, Йесо Киристей мӕлӕт исбӕрӕг кӕнунмӕ, удта ма байгъосдзӕнцӕ Библибӕл арӕзт радзубандимӕ, ӕ мӕлӕт нин ци пайда хӕссуй, уой туххӕй. Аци хунди гӕгъӕдий финст ес, кӕми ӕма ци афон уодзӕй, е. Ӕхца федун си нӕ гъӕуй. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин уодзӕй, ду дӕр ку ӕрбацӕуай, уӕд».

Адӕймаги фулдӕр базонун ку фӕндӕуа, уӕд ин...

  • РАТТӔ БРОШЮРӔ «ЧЫРЫСТИ ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД?»

    Зӕгъӕ ин, иннӕ хатт цӕбӕл дзубанди кӕндзиайтӕ, уой.

  • ИМИСӔН ИЗӔРИ ТУХХӔЙ ВИДЕОРОЛИК БАВДЕСӔ

    Зӕгъӕ ин, иннӕ хатт цӕбӕл дзубанди кӕндзиайтӕ, уой.

Дуккаг хатт имӕ ку ӕрбацӕуай, уӕд...

  • БАВДЕСӔ ВИДЕОРОЛИК «БИБЛИ АХУР КӔНУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?»

    Пълӕнттӕй ин еу бавдесӕ.

  • РАДЗУБАНДИ КӔНӔ СТАТЬЯБӔЛ «КИРИСТЕЙ МӔЛӔТ НӔ ЗӔРДӔБӔЛ ЦӔМӔН ГЪӔУАМА ЛӔУУН КӔНӔН?»

    Испайда кӕнӕ статьяйӕй «Киристей мӕлӕт нӕ зӕрдӕбӕл цӕмӕн гъӕуама лӕуун кӕнӕн?» ӕма ин Имисӕн изӕри туххӕй фулдӕр радзорӕ.

  • РАТТӔ БРОШЮРӔ «ХУЦАУМӔ ИГЪОСӔ»

    Испайда кӕнӕ, брошюри 18 ӕма 19 фарсбӕл ци гъудитӕ ес, уонӕй ӕма ин балӕдӕрун кӕнӕ, Киристе цӕмӕн рамардӕй, уой. Уой фӕсте ин брошюрӕ раттӕ.