НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Январь 2016
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?» ӕма ӕма ӕнхусгӕнӕн ӕрмӕг Хуцауи номи туххӕй. Аци публикацити фӕрци дзубанди куд ес райдайӕн, уомӕн цӕветтонтӕ. Аци цӕветтонтӕмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Хуцауи гъуддаги гъӕуй ӕгас хъауритӕй архайун
Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, паддзах Езеки куд зингзӕрдӕй архайдтайдӕ, цӕмӕй адӕм нӕуӕгӕй ӕцӕг Хуцауӕн ковун райдӕдтайуонцӕ. Испайда кӕнӕ, 2 Анзфистити 29–30 ци хабӕртти кой цӕуй, уонӕн си ци схемитӕ, къартӕ ӕма рӕстӕг амонӕн ханхӕ ес, уонӕй.
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Ӕнхусгӕнӕн ӕрмӕги фӕрци нӕ бон куд ӕй адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун
Ӕнхусгӕнӕн ӕрмӕги фӕрци адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнунмӕ нин банхус кӕндзӕй фондз гъуддаги.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуцауӕн кӕми фӕкковӕн, уӕхӕн бунӕттӕ аразун ӕма сӕмӕ зелун устур кадӕ ’й
Зингзӕрдӕ ке ан ӕма, Хуцауӕн кӕми фӕкковӕн, еци бунӕттӕн ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕ аргъ кӕнуй, зӕрдӕй ка ӕрфӕсмон кӕнуй, уонӕн
Паддзах Манасси зӕрдӕй ке ’рфӕсмон кодта, уомӕн Йеговӕ исаргъ кодта. Рабарӕ, уацари ку нӕма бахаудтӕй, еци рӕстӕг ци гъуддӕгтӕ кодта, уони, Вавилони уацарӕй ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ци гъуддӕгтӕ кодта, уой хӕццӕ (2 Анзфинстити 33–36).
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йеговӕ ӕ зӕдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй
Ездри 1–5 финст хабӕрттӕ кӕд ӕрцудӕнцӕ, уой амонӕн ханхӕ. Кӕд дзиуиттӕгтӕ берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уӕддӕр Вавилонӕй ӕрӕздахтӕнцӕ, раст дин ӕ къахбӕл ислӕуун кодтонцӕ ӕма ковӕндонӕ нӕуӕгӕй исаразтонцӕ.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Йегови фӕндуй, цӕмӕй ин ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн
Ездри, удта ӕ хӕццӕ Йерусалиммӕ ка рацудӕй, уони гъудӕй федар ӕууӕндундзийнадӕ, зингзӕрдӕдзийнадӕ ӕма лӕгдзийнадӕ. Хузтӕмӕ ӕма къартӕмӕ ӕркӕсӕ ӕма сӕ балци дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Байархайӕ, цӕмӕй адӕймагмӕ иннӕ хатт дӕр ӕрбацӕуай
Цӕмӕй фулдӕр базонун ке фӕндуй, уони нӕуӕгӕй бӕрӕг кӕнгӕй ӕнтӕстгундӕр уӕн, уой туххӕй нин банхус кӕндзӕй ӕртӕ гъуддаги.