Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дзубанди куд ес райдайӕн

Дзубанди куд ес райдайӕн

«ӔНӔЗӔРДӔХУДТ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?»

Фарста: Куд дӕмӕ кӕсуй, алкедӕр аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайа, уӕд цард хуӕздӕр нӕ уодзӕй?

Стих: Дзт 13:18

Публикаци: Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй нӕбӕл алли гъуддаги дӕр ӕууӕнкӕ уа. Аци брошюри дзурд цӕуй, рӕстӕй ку архайӕн, уӕд нин е алли гъуддаги дӕр куд ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл. [Кенӕ ба ин раттӕ пълан.]

«ӔНӔЗӔРДӔХУДТ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?» (фӕстаг фарс)

Фарста: Фӕндуй мӕ аци фарстай фӕдбӕл дӕ гъуди базонун. [Бакӕсӕ фиццаг фарста.] Еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕндӕр бауӕри цӕрун райдайуй кенӕ ӕндӕр рауӕн. Иннетӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕ цард уобӕл ӕрлӕууй. Дӕума ба куд кӕсуй?

Стих: Ек 9:5

Публикаци: Аци статьяйӕй базондзӕнӕ, Библи аци фарстай фӕдбӕл ци зӕгъуй, уой. Дӕ бон ӕй аци статья бакӕсун ӕма ибӕл иннӕ хатт радзубанди кӕндзиан. [Кенӕ ба ин раттӕ пълан.]

ӔНХУСГӔНӔН ӔРМӔГ ХУЦАУИ НОМИ ТУХХӔЙ

Публикаци: Фӕндуй мӕ цубуртӕй дин бавдесун, адӕми хӕццӕ лӕварӕй Библи куд фӕййахур кӕнӕн, уой. Ами финст ес, дӕ бон куд ӕй дӕхе Библий царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуапп иссерун.

Фарста: Ду ба ескӕд Библи кастӕ? Мӕ бон дин ӕй бавдесун, аци статьяти фӕрци Библи куд ӕнгъезуй ахур кӕнун, уой. [Ӕнхусгӕнӕн ӕрмӕги статьяй Хуцауи номи туххӕй равзаретӕ фарста «Хуцауи ном куд ӕй?»]

Стих: Ис 42:8

ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ

Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.