4–10 январи
2 АНЗФИНСТИТИ 29–32
114 зар ӕма кувд
Раздзурд (3 мин. кенӕ минкъийдӕр)
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Хуцауи гъуддаги гъӕуй ӕгас хъауритӕй архайун» (10 мин.)
2Анз 29:10–17. Езеки архайдта, цӕмӕй адӕм нӕуӕгӕй ӕцӕг Хуцауӕн ковун райдӕдтайуонцӕ
2Анз 30:5, 6, 10–12. Езеки еугур хуарззӕрдӕ адӕммӕ дӕр фӕдздзурдта, цӕмӕй Йегови номбӕл Комуадзӕн исбӕрӕг кодтайуонцӕ
2Анз 32:25, 26. Езеки иссӕй сӕрбӕрзонд, фал уой фӕсте ӕхе ӕрниллӕг кодта (w05-OSS 1/11 16 ф., 20 абз.)
Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай (8 мин.)
2Анз 29:11. Езеки куд бавдиста, царди ин фиццаг бунати ци адтӕй, уой? (w13-OSS 15/11 17 ф., 6, 7 абз. [bw540])
2Анз 32:7, 8. Цӕмӕй нӕмӕ разӕй ци зиндзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕмӕ цӕттӕ уӕн, уой туххӕй нӕ фиццагидӕр ци кӕнун гъӕуй? (w13-OSS 15/11 20 ф., 17 абз. [bw540])
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй Йегови туххӕй ци базудтон?
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕй игъосун кӕнгӕй цӕхуӕн гъудитӕй испайда кӕндзӕн?
Библи кӕсӕн: 2Анз 31:1–10 (4 мин. кенӕ минкъийдӕр)
АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ
Аци мӕйӕ дзубанди куд идайдзиан, уой цӕттӕ кӕнӕн (15 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Брошюрӕ «Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?» куд ес дӕттӕн, уой фӕдбӕл видеороликмӕ бакӕсетӕ, уой фӕсте ба ибӕл еумӕ радзубанди кӕнтӕ. Игъосгути ’ргом раздахӕ, игъосунгӕнӕг ци бакодта, цӕмӕй адӕймагмӕ иннӕ хатт дӕр ӕрбацӕуа. Уой фӕсте бавдесӕ видеороликтӕ аци брошюри фӕстаг фарсбӕл ци статья ес, уой фӕрци дзубанди райдайӕн куд ес, уой туххӕй ӕма Хуцауи номи туххӕй ӕнхусгӕнӕн ӕрмӕгӕй куд ӕнгъезуй пайда кӕнун, уой туххӕй дӕр, уой фӕсте ба еци видеороликтӕбӕл радзубанди кӕнтӕ. Се ’ргом син раздахӕ, 8-аг фарсбӕл ци статья ес, уомӕ. Ӕгасей дӕр баразӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ ӕргъуди кӕнонцӕ, игъосун кӕнгӕй дзубанди куд райдайдзӕнцӕ, уой.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
127 зар
«Хуцауӕн кӕми фӕкковӕн, уӕхӕн бунӕттӕ аразун ӕма сӕмӕ зелун устур кадӕ ’й» (15 мин.). Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ. Зӕгъӕ, цӕмӕй Йегови Ӕвдесӕнти залтӕ аразуни гъуддаги ка архайдта, етӕ радзоронцӕ, е син ци устур цийнӕдзийнадӕ ӕрхаста, уой туххӕй. Цубур интервью райсӕ, зал ӕфснайунбӕл ӕма имӕ зелунбӕл дзуапп ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрӕй. Радзорӕд, уе ’мбурди еци гъуддаг куд арӕзт цӕуй, уой туххӕй.
Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ: ia-OSS 6 сӕр, 1–14 абз. (30 мин.)
Аци ӕма иннӕ къуӕрей ӕхсидзгӕ гъудитӕ (3 мин.)
142 зар ӕма кувд
Зӕрдӕбӕлдаруйнаг: фиццаг бал музыкӕмӕ еу хатт байгъосетӕ, уой фӕсте ба зар еумӕ разаретӕ.