НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуцауӕн кӕми фӕкковӕн, уӕхӕн бунӕттӕ аразун ӕма сӕмӕ зелун устур кадӕ ’й
Цӕмӕй Израили ковӕндонӕ конд ӕрцудайдӕ, уой туххӕй гъудӕй байархайун ӕма устур хӕрзтӕ искӕнун. Фал израилӕгтӕ еци гъуддаги ӕнӕзийнадӕ адтӕнцӕ ӕма рӕдауӕй лӕвардтонцӕ ци сӕмӕ адтӕй, уой (1Анз 29:2–9; 2Анз 6:7, 8). Ковӕндонӕ конд ку ’рцудӕй, уӕд имӕ уой фӕсте израилӕгтӕ куд зилдӕнцӕ, уомӕй бӕрӕг адтӕй, се ’ууӕндундзийнадӕ ци уавӕри адтӕй, е (2Пд 22:3–6; 2Анз 28:24; 29:3). Абони дӕр ӕнӕуой залтӕ ӕма Конгрессти залтӕ аразунмӕ, удта се ’фснайунмӕ ӕма сӕмӕ зелунмӕ берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъӕуй. Фал е хауй нӕ лӕггадӕмӕ ӕма еци гъуддаги Йегови хӕццӕ ӕмгуст ке кӕнӕн, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн (Пс 127:1; Рар 7:15).
НӔ БОН КУД ӔЙ ӔНХУС КӔНУН
-
Алли ӕмбурди фӕсте дӕр ку ӕфснайӕн. Дӕ бон ку нӕ уа, уӕдта байархайӕ, цӕмӕй дӕ алливарс кӕдзосӕй ниууадзай.
-
Зал ӕфснайунмӕ ӕма ’й барӕвдзӕ кӕнунмӕ ку фӕккӕсӕн. Еци гъуддагмӕ куд фулдӕремӕй бавналӕн, уотӕ нӕ куст дӕр тагъддӕр фӕууодзӕй, удта ма нин игъӕлдзӕгдӕр уодзӕй (lv-OSS 105 ф., 18 абз.).
-
Нисайнӕгтӕ ку гӕлдзӕн. Зӕрдиагӕй «дууӕ листӕг... ӕхцай» дӕр ку раттӕн, уӕддӕр Йегови зӕрдӕ барохс кӕндзиан (Мк 12:41–44).
-
Гӕнӕн ку уа, уӕд Йеговӕн кӕми фӕкковӕн, уӕхӕн бунӕттӕ кӕнунмӕ кенӕ сӕ барӕвдзӕ кӕнунмӕ ку ӕнхус кӕнӕн. Уой туххӕй нӕ дӕсни косгутӕ ун нӕ гъӕуй.