НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Байархайӕ, цӕмӕй адӕймагмӕ иннӕ хатт дӕр ӕрбацӕуай
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ:
Рӕстдзийнади муггӕгтӕ ку байтауӕн, уӕд сӕбӕл фӕгъгъӕуй дон кӕнун (1 Кор. 3:6). Уомӕ гӕсгӕ, фулдӕр базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймагбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд ин гъӕуама зӕгъӕн, иннӕ хатт цӕхуӕн фарстабӕл радзордзиан, уой. Уӕд нӕмӕ адӕймаг ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, ӕма нин ӕнцондӕр уодзӕй нӕхе иннӕ хатмӕ бацӕттӕ кӕнун. Нӕуӕгӕй имӕ ку ӕрбацӕуӕн, уӕдта ин нӕ бон уодзӕй зӕгъун, айразӕй ци фарстабӕл бадзубанди кодтан радзорун, уобӕл ин дзуапп раттунмӕ ке ӕрбацудан.
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Участокки дзубанди цӕмӕй райдайдзӕнӕ, уомӕ дӕхе ку цӕттӕ кӕнай, уӕд еци фӕдбӕл расагъӕс кӕнӕ, иннӕ хатт адӕймаги хӕццӕ цӕхуӕн фарстабӕл дзордзӕнӕ, уобӕл дӕр. Фарста дӕ бон ӕй бацӕттӕ кӕнун, ке иуардзӕнӕ, еци публикаций темитӕй ескӕцимӕ гӕсгӕ кенӕ адӕми хӕццӕ Библи ке фӕрци фӕййахур кӕнис, ӕма дуккаг бацуди кӕмӕй пайда кӕндзӕнӕ, еци публикаций ескӕци темӕмӕ гӕсгӕ.
-
Адӕймаги фулдӕр базонун ку фӕндӕуа, уӕд ин зӕгъӕ, ке дӕ фӕндуй иннӕ хатт дӕр имӕ ӕрбацӕун, удта ма ин зӕгъӕ, цӕбӕл дзордзиайтӕ, уой дӕр. Гӕнӕн ку уа, уӕд ин ӕ телефони номертӕ райсӕ.
-
Адӕймагӕн ку зӕгъай, кӕд имӕ ӕрбацӕудзӕнӕ, уой, уӕд ӕй ма басайӕ (Мф 5:37).