НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Декабрь 2016
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Заболевания. Как снизить риск» ӕма «Рӕстдзийнадӕ амонӕ». Зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес, уой туххӕй зӕгъӕ. Аци цӕветтонмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Иссӕуӕн Йегови хонхмӕ»
Исаййи киунуги ци тохӕндзаумӕутти кой цӕуй, уонӕй искӕндзӕнцӕ косӕндзаумӕуттӕ. Уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Йегови адӕни фӕрнӕй цӕрун ке фӕндуй (Исай 2:4)
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Зӕрдитӕмӕ над ерӕн киунуги фӕрци «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн»
Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн аци киунугӕ ӕнхус кӕнуй фӕууинун, Хуцауи уагӕвӕрдтӕй нӕ царди куд ӕнгъезуй пайда кӕнун, уой
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Киристе исӕнхӕст кодта пахампарадӕ
Исай загъта, Киристе хуарз хабар ке игъосун кӕндзӕй «Иордани рази ка ӕй, еци зӕнхӕ, ӕндӕрбӕстаг адӕнти Галилейи». Киристе аци пахампарадӕ исӕнхӕст кодта – Галилейӕбӕл цудӕй ӕма хуарз хабар игъосун кодта.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ!»
Исаййи хузӕн нӕ бон куд ӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ун ӕма уой хузӕн ӕууӕндундзийнадӕ ӕвдесун? Базонӕ, еу бийнонтӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кодта, уордӕмӕ куд рандӕ ’нцӕ.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Зӕнхӕ байдзаг уодзӕй зонундзийнӕдтӕй Йегови туххӕй
Исаййи пахампарадӕ дзенети туххӕй зӕнхӕбӕл куд исӕнхӕст ӕй, куд ӕнхӕст кӕнуй, удта куд исӕнхӕст уодзӕй?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Хуцау нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн
Раздӕр знӕгтӕ адтӕнцӕ, нур ба Хуцауи ахуради фӕрци ӕнсувӕртӕ иссӕнцӕ.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Адӕймаг ӕ бартӕй раст ку нӕ пайда кӕна, уӕд си ӕнӕхай фӕууодзӕй
Севни бон куд адтайдӕ ӕ бартӕй раст пайда кӕнун? Йеговӕ Севни бӕсти Елиакими цӕмӕн исӕвардта?