Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дзубанди куд ес райдайӕн

Дзубанди куд ес райдайӕн

«ЗАБОЛЕВАНИЯ. КАК СНИЗИТЬ РИСК»

Фарста: Берети фӕндуй ӕнӕнез ун. Куд дӕмӕ кӕсуй, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй минкъийдӕр сӕйӕн?

Стих: Ӕм 22:3

Публикаци: Аци брошюри дзурд цӕуй, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй лӕдӕргӕдӕр уӕн ӕма нӕхе незтӕй гъӕуай кӕнӕн.

РӔСТДЗИЙНАДӔ АМОНӔ

Фарста: Гъезӕмӕрттӕ Хуцауи фудӕй ӕвзарӕн ӕви ӕндӕр естӕй туххӕй?

Стих: Иов 34:10

Рӕстдзийнадӕ: Хуцау нӕ гъезӕмӕртти фудгин некӕд фӕууй. Ци гъезӕмӕрттӕ февзарӕн етӕ фӕуунцӕ Сайтани фудӕй, адӕн раст унаффитӕ ке нӕ рахӕссунцӕ, уой туххӕй, удта ма адӕймагбӕл кӕд кӕми ци ’рцӕудзӕй, е дӕр бӕрӕг нӕй. Фал нин гъезӕмӕртти рӕстӕг Хуцау ӕнхус кӕнуй. Е нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй.

«БИБЛИ АХУР КӔНУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?» (видеоролик)

Фарста: Куд дӕмӕ кӕсуй, дуйне Хуцауи къохи ӕй? [Дзуапп раттун ӕй бауадзӕ.] Библий ци финст ес, е дӕмӕ, ка ’й зонуй, дессаг фӕккӕсдзӕй. Уой туххӕй дзурд цӕуй аци цубур видеороликки. [Бавдесӕ видеролик.]

Публикаци: Аци пълани дзурд цӕуй, уотӕ берӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес, уой туххӕй. Ами ци гъудитӕ ес, етӕ ӕхсидзгӕ ’нцӕ, уомӕн ӕма Библийӕй ист ӕнцӕ. Кӕд дӕ фӕндӕуа хӕдзари аци стихтӕ дӕ Библий бакӕсун, уӕд ӕй базондзӕнӕ, зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес, уой. [Раттӕ ин аци фарстай хӕццӕ баст пълан.]

ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ

Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.