НӔ КИРИСТОН ЦАРД
«Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ!»
Исай Йеговӕн зӕрдиагӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уомӕй нин фӕнзуйнаг ӕй. Е ’ууӕндундзийнадӕ бӕрӕг адтӕй, Йеговӕн дзуапп уайтагъд ке равардта, уомӕй, уотемӕй ба ’й зонгӕ дӕр нӕ кодта, кумӕ ’й ӕрветуйнаг ӕй, уой (Ис 6:8). Дӕ бон ӕй дӕ уавӕртӕ феййевун, цӕмӕй, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнай? (Пс 110:3). Фиццагидӕр бал дӕ гъӕудзӕй банимайун, ӕндӕр рауӕнмӕ рандӕ ун дин «цӕйбӕрцӕ ислӕудзӕй, уой» (Лк 14:27, 28). Фал цӕттӕ уо, хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддаги туххӕй дӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ дӕр (Мф 8:20; Мк 10:28–30). Видеороликки «Игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнӕн» куд загъд адтӕй, уотемӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн, етӕ нӕ зиндзийнӕдтӕй берӕ фулдӕр ӕнцӕ.
ВИДЕОРОЛИКМӔ КУ БАКӔСАЙТӔ, УӔД АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТЕТӔ:
-
Уильямсти бийнонтӕй алкедӕр сӕхе цӕмӕй фӕццох кодта, цӕмӕй Эквадори лӕггадӕ кодтайуонцӕ?
-
Кумӕ рандӕ уодзӕнцӕ, уой ку ӕвзурстонцӕ, уӕд цӕхуӕн гъуддӕгтӕбӕл расагъӕс кодтонцӕ?
-
Цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ӕнцӕ?
-
Игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уой туххӕй дӕ бон кӕцӕй ӕй фулдӕр базонун?
БИЙНОНТИ АХУРИ РӔСТӔГ РАДЗУБАНДИ КӔНТӔ АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ:
-
Нӕ бон куд ӕй не ’гас бийнонтӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун? (km-OSS 8/11 4–6)
-
Кӕд нин уӕхӕн фадуат нӕййес, ӕма игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд нӕ бон куд ӕй не ’мбурдӕн ӕнхус кӕнун? (w16.03-OSS 23–25 [bw568])