Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Хуцау нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн

Хуцау нӕ ахур кӕнуй, цӕмӕй алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн

Йеговӕ ӕгас адӕнмӕ дӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсуй (Гъд 10:34, 35). Ӕхемӕ хонуй, «еугур адӕнтӕй, муггӕгтӕй, адӕнихӕттитӕй ӕма ӕвзӕгтӕй» ка ӕй, уони (Рар 7:9). Уомӕ гӕсгӕ киристон ӕмбурди алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн ӕма еуети иннетӕй уӕлдӕр не ’вӕрӕн (Иак 2:1–4). Хуцау нӕ ке ахур кӕнуй, уой фӕрци цӕрӕн «дзенети», гъома ӕ уодигъӕдӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ка ӕййевуй, уӕхӕн адӕни астӕу (Ис 11:6–9). Ку архайӕн, цӕмӕй ӕгасемӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи ке фӕнзӕн, е (Еф 5:1, 2).

БАКӔСЕТӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЖОНИ ӔМА ГИДЕОН: РАЗДӔР ЗНӔГТӔ, НУР БА – ӔНСУВӔРТӔ». УОЙ ФӔСТЕ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТЕТӔ:

  • Цӕмӕй алкӕмӕдӕр ӕмхузӕн цӕстӕй кӕсӕн, уой туххӕй нӕ Хуцау куд ахур кӕнуй, е тӕккӕ хуӕздӕр ахурадӕ цӕмӕн ӕй?

  • Ӕгас дуйней дӕр нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ кӕрӕдзей хӕццӕ куд цӕрунцӕ, е дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуй?

  • Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти астӕу фарнӕ ку фӕууй, уӕд Йеговӕ куд искадгин уй?