НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Зӕрдитӕмӕ над ерӕн киунуги фӕрци «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн»
Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ: Адӕймаг гъӕуама базона Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ӕма ӕ цард уонӕмӕ гӕсгӕ араза, цӕмӕй ӕ лӕггадӕ Йеговӕн ӕхцӕуӕн уа (Ис 2:3, 4). Адӕни хӕццӕ Библи ке фӕрци фӕййахур кӕнӕн, еци киунугутӕй дуккаг ӕй «Хуыцауы уарзт». Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн еци киунугӕ ӕнхус кӕнуй фӕууинун, Хуцауи уагӕвӕрдтӕй нӕ царди куд ӕнгъезуй пайда кӕнун, уой (Дзт 5:14). Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй мах гъӕуама архайӕн, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ ӕ зӕрдӕмӕ багъара ӕма ӕхе бафӕндӕуа ӕ уодигъӕдӕ раййевун (Ро 6:17).
УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:
-
Библий ахурмӕ дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ, дӕ ахуркӕнуйнаг цӕбӕл тухсуй, уой дӕ гъудий дарӕ. Уӕхӕн фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй базонай, ӕрмӕги туххӕй ци гъуди кӕнуй, уой (Ӕм 20:5).
-
Киунуги ци рамкитӕ ес, уонӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй ахуркӕнуйнаг фӕууина, цӕмӕн ӕй ӕхсидзгӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, уой.
-
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕн банхус кӕнӕ унаффитӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ хӕссун. Фал унаффитӕ ӕ бӕсти ма хӕссӕ (Га 6:5).
-
Дӕ гъос ӕрдарӕ, Библий кӕцидӕр уагӕвӕрдтӕй куд пайда кӕнун гъӕуй, уой дӕ ахуркӕнуйнаг лӕдӕруй ӕви нӕ. Фӕлмӕнӕй ин балӕдӕрун кӕнӕ, Йегови ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ гъӕуама ке кӕна (Ӕм 27:11; Ин 14:31).