Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ИСАЙ 1–5

«Иссӕуӕн Йегови хонхмӕ»

«Иссӕуӕн Йегови хонхмӕ»

2:2, 3

«Фӕстаг бӕнттӕ»

Нур ци рӕстӕги цӕрӕн, е

«Йегови хӕдзарӕ ци хонхбӕл ӕй, е»

Раст дин ӕ къахбӕл ислӕудтӕй

«Ӕма имӕ еугур адӕнихӕттитӕ дӕр рагулф кӕндзӕнцӕ»

Раст динбӕл хуӕст ка ӕй, етӕ еумӕ ӕмбурд кӕнунцӕ

«Рацотӕ, иссӕуӕн Йегови хонхмӕ»

Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ иннети дӕр хонунцӕ, цӕмӕй сӕ хӕццӕ ӕцӕг Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнонцӕ

«Е нин ӕ нӕдтӕ байамондзӕй, ӕма мах цӕудзиан ӕ нӕдтӕбӕл»

Ӕ Дзурди фӕрци нин Йеговӕ разамунд дӕттуй ӕма нин ӕ нӕдтӕбӕл цӕунмӕ ӕнхус кӕнуй

2:4

«Тохунбӕл дӕр нӕбал ахур кӕндзӕнцӕ»

Исаййи киунуги ци тохӕндзаумӕутти кой цӕуй, уонӕй искӕндзӕнцӕ косӕндзаумӕуттӕ. Уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Йегови адӕни фӕрнӕй цӕрун ке фӕндуй. Исаййи рӕстӕги цӕхуӕн косӕндзаумӕуттӕ адтӕй?

«Сӕ хъӕматӕй искӕндзӕнцӕ готони кӕрдтӕ»

1 Готонӕй зӕнхӕ хумӕ кодтонцӕ. Еуӕй-еухатт ӕ кард адтӕй ӕфсӕйнагӕй конд (1См 13:20)

«Сӕ ӕрцитӕй – ӕхсӕдӕн кӕрдӕнтӕ»

2 Ӕхсӕдӕн кӕрдӕн адтӕй ӕхсирфи хузӕн – ӕфсӕйнагин кард гъӕдин хуӕцӕни хӕццӕ. Ӕма еци кардӕй сӕнӕфсерӕ ӕхсастонцӕ (Ис 18:5)