НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Октябрь 2016
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Иисус Христос – историческая личность?». Аци публикаций фӕрци дзубанди куд ес райдайӕн, уомӕн цӕветтонтӕ. Спайда кӕнӕ, мӕлӕти фӕсте ести фӕууй ӕви нӕ, уой туххӕй финст кӕми ес, еци рубрикӕй «Рӕстдзийнадӕ амонӕ». Аци цӕветтонмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕ Йеговӕбӕл
Ӕмбесӕндти 3-аг сӕри финст ес, нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин ке арфӕ кӕндзӕй. Дӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ӕгасӕйдӕр дарис ӕви нӕ?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Дӕ зӕрдӕ еци... надтӕмӕ ма раздӕхӕд
Ӕмбесӕндти 7-аг сӕри дзурд цӕуй, ӕ зӕрди фӕндтӕ ке фӕссайдтонцӕ, уӕхӕн ӕригон биццеуи туххӕй. Ӕ рӕдудтитӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Зунд сугъзӕрийнӕй хуӕздӕр ӕй
Ӕмбесӕндти 16-аг сӕр нин зӕгъуй, зунд агорун сугъзӕрийнӕ агорунӕй хуӕздӕр ке ӕй. Хуцауи зунд уотӕ хъазар цӕмӕн ӕй?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Дзӕбӕх дзуӕппитӕ куд дӕттон?
Дзӕбӕх дзуапп ӕмбурд федар кӕнуй, удта ма дзуапп ка дӕттуй, уой дӕр. Хуарз дзуапп гъӕуама цӕхуӕн уа?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Архайӕ, цӕмӕй иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрай
Хуцауи адӕни астӕу ци фарнӕ ес, е ӕхегъӕди нӕ фӕззиндтӕй. Нӕ бон ӕй Хуцауи Дзурди унаффитӕй пайда кӕнун, цӕмӕй нӕ маст уорамӕн ӕма лимӕнӕй цӕрӕн.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Дӕ сувӕллони ӕ минкъийӕй раст надбӕл исӕвӕрӕ»
Цӕмӕй сувӕллони раст гъомбӕл кӕнай, уой туххӕй ин зунд амонун цӕмӕн гъӕуй? Ӕмбесӕндти киунуги, 22-аг сӕри ниййергутӕн ес берӕ хуарз унаффитӕ.