Дзубанди куд ес райдайӕн
«ИИСУС ХРИСТОС – ИСТОРИЧЕСКАЯ ЛИЧНОСТЬ?»
Фарста: Еуӕй-еуетӕ не ’ууӕндунцӕ, Киристе ӕцӕгӕйдӕр зӕнхӕбӕл ке цардӕй. Кадӕртӕ ба фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, уой бӕлвурдӕй базонӕн нӕййес. Ду ба куд гъуди кӕнис?
Публикаци: Аци брошюри дзурд цӕуй, уомӕн цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уой туххӕй.
РӔСТДЗИЙНАДӔ АМОНӔ
Фарста: Куд дӕмӕ кӕсуй, мӕлӕти фӕсте ести фӕууй?
Стих: Ин 11:11–14
Рӕстдзийнадӕ: Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕ цард уобӕл фӕууй. Мӕлӕти фӕсте ци уодзӕй, уомӕй тӕрсун нӕ гъӕуй. Киристе мӕлӕт рабарста, адӕймаг ку бафунӕй уй, уой хӕццӕ. Ӕма Лазӕри куд райгас кодта, уотӕ ӕ бон ӕй, берӕ ке уарзтан, уони дӕр «райгъал кӕнун» (Иов 14:14). [Испайда кӕнӕ пъланӕй «Тӕрегъӕд ӕма нӕ мӕлӕтӕй исуӕгъдӕ кӕнун цӕмӕн багъудӕй?».]
ФЕМБӔЛДТӔМӔ ХУНДИ ГӔГЪӔДИ (inv)
Публикаци: Хонӕн дӕ Библибӕл арӕзт радзубандимӕ. Уодзӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕ фембӕлдтӕ кӕми фӕууадзунцӕ, еци зали. [Раттӕ ин фембӕлдтӕмӕ хунди гӕгъӕди, ӕма ин зӕгъӕ, сабат кенӕ хуцаубони нин фембӕлд цалебӕл ӕма кӕми уодзӕй, уой, удта ма ин зӕгъгӕ, радзубанди куд хундзӕй, уой дӕр.]
Фарста: Йегови Ӕвдесӕнти зали ескӕд адтӕ? [Гӕнӕн ку уа, уӕд ин бавдесӕ видеоролик «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци фӕууй?».]
ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ
Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.