НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Дзӕбӕх дзуӕппитӕ куд дӕттон?
Дзӕбӕх дзуӕппитӕй ӕмбурд федар кӕнуй (Ро 14:19). Удта ма дзуапп ка дӕттуй, уомӕн дӕр е пайда хӕссуй (Ӕм 15:23, 28). Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама архайӕн, цӕмӕй алли фембӕлди дӕр еу дзуапп уӕддӕр раттӕн. Дӕ къох ку исдарай, уӕд дӕ аллихатт нӕ бафӕрсдзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ хуарз уодзӕй, цалдӕр дзуаппи ку цӕттӕ кӕнай.
Хуарз дзуапп ӕй...
-
хумӕтӕг, ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма цубур. Ахиддӕр фӕууй 30 секундти кенӕ минкьийдӕр
-
дӕхе дзурдтӕй ке зӕгъай
-
дӕ разӕй ци загътонцӕ, уой нӕуӕгӕй ку нӕ зӕгъай
Фиццаг дӕу ку бафӕрсонцӕ, уӕд...
-
комкоммӕ ӕма цубур дзуапп раттӕ
Кӕд фарстабӕл дзуапп равардтонцӕ, уӕд дӕ бон ӕй...
-
бавдесун, абзаци ци стих ес, е сӕйраг гъудий хӕццӕ куд баст ӕй
-
зӕгъун, аци фарста нӕ цардмӕ куд хауй
-
балӕдӕрун кӕнун, нӕ бон куд ӕй аци гъудитӕй пайда кӕнун
-
цубуртӕй ести цӕветтон ӕрхӕссун