Зунд сугъзӕрийнӕй хуӕздӕр ӕй
Хуцауи зунд уотӕ хъазар цӕмӕн ӕй? Уӕхӕн зунд кӕмӕ ес, е ӕхе лӕгъуз надӕй ергъӕв кӕнуй ӕма ӕ цард багъӕуай кӕнуй. Е ӕдӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ, ӕ дзурдигъӕдӕ ӕма ӕ гъуддӕгтӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ феййевуй.
Зунд нӕ гъӕуай кӕнуй сӕрбӕрзонддзийнадӕй
-
Зундгин адӕймаг ӕй лӕдӕруй, еугур зонундзийнӕдтӕ Йеговӕй ке цӕунцӕ, уой
-
Ӕмбурди ӕнтӕстгун ка ’й кенӕ фулдӕр ихӕстӕ кӕмӕ ес, етӕ гъӕуама сӕхе гъӕуай кӕнонцӕ сӕрбӕрзонддзийнадӕ ӕма ӕнӕнвӕрсондзийнадӕй
Зунд бӕрӕг фӕууй дзурдӕй
-
Зундгин адӕймагӕн лӕдӕргӕдзийнадӕ ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй иннетӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уина ӕмӕ син сӕ хуарзи кой кӕна
-
Зундгин дзурдтӕ карз нӕ фӕуунцӕ, фал рӕсугъд ӕма муди хузӕн адгин