Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ӔМБЕСӔНДТӔ 1–6

Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕ Йеговӕбӕл

Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕ Йеговӕбӕл

Йеговӕ уой аккаг ӕй, цӕмӕй ибӕл ӕгас зӕрдӕй ӕууӕндӕн. Ӕ ном ци нисан кӕнуй, уой ке зонӕн, уой фӕрци нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл. Гъӕуама алкӕддӕр ковӕн, цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕна. Ӕмбесӕндти 3-аг сӕри финст ес, нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нин ке арфӕ кӕндзӕй ӕма нин нӕ «над раст кӕндзӕй».

Ӕхе цӕстити зундгин ка ӕй, е...

3:5–7

  • рагацау Йеговӕй унаффӕ нӕ коруй, уотемӕй гъуддаг ниллух кӕнуй

  • ӕхе зундӕй кенӕ аци дуйней зундӕй архайуй

Ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ка даруй, е...

  • архайуй, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕна, ӕма имӕ уой туххӕй фӕкковуй, Библи фӕййахур кӕнуй ӕма ибӕл арф фӕссагъӕс кӕнуй

  • унаффӕ рахӕссуни разӕй бал Библий уагӕвӕрдтӕмӕ ӕркӕсуй

ӔЗ БА УНАФФӔ КУД РАХӔССУН?

ФИЦЦАГ: мӕхемӕ гӕсгӕ раст ци ӕй, уой равзарун

ДУККАГ: Йеговӕй корун, цӕмӕй мин мӕ унаффӕн райарфӕ кӕна

ФИЦЦАГ: Йеговӕмӕ исковун, удта ӕ Дзурди ци финст ес, уомӕ лӕмбунӕг ӕркӕсун

ДУККАГ: Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ унаффӕ рахӕссун