Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ӔМБЕСӔНДТӔ 22–26

«Дӕ сувӕллони ӕ минкъийӕй раст надбӕл исӕвӕрӕ»

«Дӕ сувӕллони ӕ минкъийӕй раст надбӕл исӕвӕрӕ»

Ӕмбесӕндти киунуги ниййергутӕн ес берӕ хуарз унаффитӕ. Цӕмӕй бӕласӕ раст ирӕза, уой туххӕй ин ӕ гъӕдӕ сабургай фӕрраст кӕнунцӕ. Раст гъеууотӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке гъомбӕл кӕнунцӕ, еци сувӕллӕнттӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ, ку исустур уонцӕ, уӕддӕр.

22:6

  • Сувӕлӕнтти раст гъомбӕл кӕнунмӕ гъӕуй берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ

  • Ниййергутӕ гъӕуама сӕ сувӕллӕнттӕн уонцӕ фӕнзуйнаг. Гъӕуама сӕ ахур ӕма гъӕуай кӕнонцӕ, удта ма сӕ гъӕуама хуарз гъуддӕгтӕмӕ разӕнгард кӕнонцӕ

22:15

  • Сувӕллӕнтти гъӕуама уарзгӕй гъомбӕл кӕнӕн, уотемӕй син сӕ зунд ӕма сӕ зӕрдӕ растӕрдӕмӕ араздзиан

  • Сувӕллӕнттӕн зунд амонун гъӕуй аллихузи мадзӕлтти фӕрци