АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ | ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГ УИН ФУЛДӔР ЦИЙНӔ ХӔССӔД.
Хуцауи Дзурдӕн ӕ хъаурӕ бавдесунмӕ фадуат дӕттетӕ
Хуцауи Дзурдӕн ес устур хъаурӕ! (Дзт 4:12). Сауӕнгӕ ма, Хуцауи ка нӕ зонуй, уони зӕрдитӕбӕл дӕр бамбӕлуй (1Фс 1:9; 2:13). Библий рӕстдзийнадӕ зӕрдӕй ка райсуй, уӕхӕн адӕймаги ку иссерӕн, уӕд нӕ цийнӕн кӕрон нӕ фӕууй!
БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУНИ ГЪУДДАГ ЦИЙНӔ ХӔССУЙ. АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНТӔ. ХУЦАУИ ДЗУРДӔН Ӕ ХЪАУРӔ БАВДЕСУНМӔ ФАДУАТ ДӔТТЕТӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:
-
Нитӕ Хуцауи Дзурдӕн ӕ хъаурӕ бавдесунмӕ фадуат куд равардта?
-
Нитӕ Джейдӕн стих гъӕрӕй цӕмӕн бакӕсун кодта ӕма ин ӕ сӕйраг гъуди цӕмӕн рахецӕн кодта?
-
Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, стих Джейди зӕрдӕбӕл ке бамбалдӕй, ӕма е Нитӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй?