Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй зундӕй архайӕ

Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕй зундӕй архайӕ

Моави будурти израилӕгтӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕй киристӕнттӕн сӕ бон зундӕн райсун ци ӕй? (1Кр 10:6, 8, 11). Израилӕгтӕ моаваг ихӕлд ӕма мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковӕг силгоймӕгти хӕццӕ сӕ рӕстӕг ӕрветун ке райдӕдтонцӕ, е сӕ устур тӕрегъӕдтӕмӕ ӕркодта. Уой туххӕй хъӕбӕр берӕ адӕн фӕццагъди ’нцӕ (Нм 25:9). Мах цӕрӕн, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн адӕни астӕу. Етӕ ’нцӕ, зӕгъӕн не ’мкъласонтӕ, не ’мкосгутӕ, нӕ синхӕнттӕ, нӕ хеуӕнттӕ ӕма нӕ зонгитӕ. Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уони хӕццӕ лимӕн кӕнун тӕссаг ке ӕй, е израилӕгти хабарӕй куд зиннуй?

БАКӔСӔ КИНОМӔ «ПРЕДОСТЕРЕГАЮЩИЕ ПРИМЕРЫ ДЛЯ СОВРЕМЕННЫХ СЛУЖИТЕЛЕЙ БОГА» (СКЪУДДЗАГ) ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Зимри ӕма иннетӕ Иаминӕн ци кӕнун кодтонцӕ?

  • Финеес Иаминӕн раст гъудимӕ ӕрцӕунмӕ куд банхус кодта?

  • Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн адӕймагмӕ хӕларзӕрдӕ уай, е цӕмӕй хецӕн кӕнуй, ӕ хӕццӕ лимӕн кӕнай, уомӕй?

  • Ӕмбурди ӕмбӕлттӕ ку ’взарӕн, уӕддӕр лӕмбунӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн?

  • Ке нӕ фӕсмӕрӕн, уӕхӕн адӕни хӕццӕ цӕхуӕндӕр группити уӕн, уомӕй нӕхе цӕмӕн гъӕуама хезӕн?